Сомихыстон-Гуырдзыстоны матч, Фыццаг Канал равдисдзæн
Сомихыстон-Гуырдзыстоны матч, Фыццаг Канал равдисдзæн

Гуырдзыстоны националон æмбырдгонд футболы,  Сомихыстонимæ, Нациты Лигæйы  фембæлды, цалдæр  сахат  агъоммæ, Польшæйы горæт  Тихы  централон стадионыл  иу сахаты  тренировкæ  кодтой.

Сомихыстон-Азербайджаны  конфликтон уавæры тыххæй,  УЕФА  Сомихыстоны   Футболы  федерацийæн, Наицты Лигæйы  æртыккаг туры  фембæлд, Ереваны  ауадзыны бар нæ ратта  æмæ  «дзуархæссджытæ»  матчы  нейтралон стадионыл, Польшæйы  горæт  Тихы ацæудзæн.

Нациты  Лигæйы æртыккаг туры  фембæлд, горæт  Тихы  стадионыл 11  октябры, Тбилисы  рæстæгæй  20:00 сахатыл  ацæудзæн.  Матчы комкоммæ  репортаж радæтдзæн  Гуырдзыстоны Фыццаг Канал.