Сомихыстон æмæ Азербайджан  кæрæдзийы   æхсты фæурæды режим халыны зылынджын кæнынц
Сомихыстон æмæ Азербайджан кæрæдзийы æхсты фæурæды режим халыны зылынджын кæнынц

Сомихыстоны хъахъхъæнынады министрады  пресс-куысты  информацийæ, Сомих-Азербайджаны   арæны хуссар-хурыскæсæны фадыгыл, Азербайджаны  гарзджын тыхты  æрдгæй,   æхст 01:00  сахатыл  райдыдтой,  кæцыйы фæстиуæгæн мæлæтдзаг цæф фæцис  сомихаг æфсæддон  Ашот Микаэлян.

Азербайджаны  хъахъхъæнынады министрады  та  хъусын кæнынц, цæмæй  фæстаг 24  сахаты  дæргъы  Сомихыстоны  гарзджын  тыхтæ  æхстой  45  хатты.

«Сомихыстоны  гарзджын тыхты  дæлхайадтæ æхстой   ставд калибры  нæмыгзгъалджытæй  æмæ   снайперы  винтовкæтæй. Уыдон фæстаг 24  сахаты  æхсты фæурæды режим   фронты æндæр æмæ æндæр  æрдæмадæй   45  хаптты фехæлдтой», –  хъусын кæнынц   Азербайджаны  хъахъхъæнынады министрады.