Сомихыстон æмæ Азербайджан кæрæдзи аххосджын кæнынц  æхст фæурæды фæдыл фидыд халыны
Сомихыстон æмæ Азербайджан кæрæдзи аххосджын кæнынц æхст фæурæды фæдыл фидыд халыны

Сомихыстон фидыд фехалыны фæдыл Азербайджаны дауыл  нæ сæтты æмæ  æхст фæурæды  режимы фехалыны зылынджын кæны  Азербайджаны.

Сомихыстоны  хъахъхъæнынады  министрады  информацийæ,  Азербайджаны  æфсæддаттæ  æхст фæурæды фæдыл  бадзырд  Уæлхох Карабахы   цæгат-хурыскæсæны æрдгæй  фехалдтой.

Ереваны дзурынц,  цæмæй  æнæнымад  Уæлхох Карабахы  æфсæддон  дæлхайадтæ  фидыды  фæдыл бадзырды домæнтæ  карз  æххæст кæнынц  æмæ официалон Баку  та  дезинформаци хæлиу кæны.

25 октябры  изæр, Сомихыстоны æмæ Азербайджаны  фæсарæн хъуыддæгты  министртæ, АИШ-ы  æхсæны бацыды фæрцы, Уæлхохы Карабахы  гуманитарон  нысæнттæн æхст фæурæдыл æрныхас кодтой.

Азербайджаны  хицауад   Вашингтоны æххусæй  æхст фæурæды  фæдыл бадзырд фехалыны фæзылынджын кодта  Сомихыстоны.