Сомалийы фысымуатмæ бырсты  рæстæджы  24 адæймаг фæхъуыд
Сомалийы фысымуатмæ бырсты рæстæджы 24 адæймаг фæхъуыд

Сомалийы фысымуатмæ бырсты  рæстæджы  24 адæймаг фæхъуыд.  Сæ нымæцы  дыууæ   журналисттæ сты. Уый тыххæй хъусын кæны «ВВС».

Бырст Сомалийы хуссары,  портон сахар  Кисмаиойы  æрцыд. Химарæг террорист  фысымуат  «Асасы»  территорийыл рæмудзæг  гарзæг скусын кодта, цæй фæстæ дæр бæстыхаймæ  гарзджын уæнгтæ  балæбурдтой.

Бырсты рæстæджы бæстыхаы  бынæттон   политиктæ уыдысты æмæ æввахс фидæнмæ плынгонд регионо æвзæрстытыл ныхас кодтой.

Журналисттæ та бынатыл  фæзындтæ срухс кæныны тыххæй  уыдысты.  Ахæлиугонд  хъусинагæй, фæмардуæвджыты нымæцы  дыууæ журналист, сомалиаг  закъондæттæг  æмæ  ноджы иу  политикъ  сты.  Полицийы  информацийæ, амæттагы нымæц гæнæн ис райрæза.

Африкаг Цæдисы  сабырдхъахъхъæнджыты  æмæ АИШ-ы  фæлтæрд   æфсæддон  гæсты  минæварадмæ æнæкæсгæ,  «Ал-ШАбаабы» уæнгтæ сæйраг сахар Могадишойы  æмæ бæстæйы  æндæр рæтты   бырстытæ  арæз  æххæст кæнынц.