Сомалийы дыууæ  стынд æрцыд, ис дзы фæмардуæвджытæ æмæ цæфтæ
Сомалийы дыууæ стынд æрцыд, ис дзы фæмардуæвджытæ æмæ цæфтæ

Сомалийы сæйраг сахар Могадишойы дыууæ стынды  фæстиуæгæн  фæмард 11  æмæ  фæцæф сты  25 адæймаг. Уый тыххæй информаци хъусын кæны  агентад «Эсошиэйтед Пресс».

Фыццаг стынд  Могадишойы   президенты  галуаны  цур уæвæг  контролон-ауадзæн   пунктыл æрцыд, кæцыйы  амæттаг фесты  фараст адæймаг.  Дыккаг  рæмудзæн гарзæг  та  аэропорты æрдæм  цæуæг  автомагистралыл  скуыста. Фæмард  дыууæ адæймаг.

Бырстытыл  бæрн йæхимæ райста  регионы архайæг  террористон къорд  «АЛ-Шабааб».