«Сокар»  энергоресурсты экспорты хъуыддаджы  æххуыс  ныгуылæнæй  куры, уымæн æмæ  хæтæлвæдтæ  конфликты  зонæмæ  хæстæг сты
«Сокар» энергоресурсты экспорты хъуыддаджы æххуыс ныгуылæнæй куры, уымæн æмæ хæтæлвæдтæ конфликты зонæмæ хæстæг сты

«Сокар»   энергоресурсты экспорты хъуыддаджы  æххуыс  ныгуылæнæй  куры, уымæн æмæ  Азекрбайджанæй  Гуырдзыстоны æрдæм  хæтæлвæд  конфликты  зонæмæ  хæстæг у.  Уый фæдыл  хъусын кæны  «Ройтер».

«Каспийы  политикон центры»   конвенцийыл  ныхасы рæстæджы  Азербайджаны   паддзахадон  энергокомпанийы  вице-президент Элшад  Насыров   загъта, цæмæй быцæуæмбæлдæ  «Сокары»инфраструктурæмæ  хæстæг  æрцыд,   цахæмдæр у  Баку-Тбилис-Джейханы  нефтуадзæн, Баку-Супсайы  нефтуадзæн, Баку-Тбилис-Эрзрумы  газдадзæн æмæ æндæр  объекттæ.  Насыров  ма  афтæдæрæ  бавдыста, транс-адриатикон  хæтæлвæдыл, кæцы  хуыысары газы къæлидоры  æппынфæстаг фадыг  у æмæ кæцымæ  афтæдæр хауы Гуырдзыстон æмæ Туркы  уылты цæуæг  дыууæ  æндæр хæтæлвæд.

«Ацы  фæрæзæй  спайда кæндзынæн, цæмæй  æрхонон нæ  коллегæты  Вашингтоны æмæ  æндæр рæтты,  ома фæхъуыды кæной  уый фæдыл, цæмæй  куыд  тæссонд у уавæр ацы   регионы, æмæ ахъуыды кæной  куыд  сифтонг кæнæм  къæлидоры  æфсæддон  æмæ   физикон æдасдзинад, кæцы  сифтонг кæндзæн Европæйы   энергетикон æдасдзинад» –  банысан кодта  Элшад Насыров.