Скъолайы æддæйæ, ахуыргæнинæгты æдасдзинад бахъахъхъæныны нысанæй ист æрцæудзысты фæтауцæй мадзæлттæ
Скъолайы æддæйæ, ахуыргæнинæгты æдасдзинад бахъахъхъæныны нысанæй ист æрцæудзысты фæтауцæй мадзæлттæ

Ахуырады парламентон  комитеты сæрдар  Мариам Джашийы  фидиуæнæй,  Тбилисы, Хоравайы уынгыл  знон æрцæугæ  факты тыххæй,  уый фæныхас кодта  ахуырады министримæ æмæ  афтæдæр, план кæны фембæлд мидхъуыддæгты министрады.   Мариам Джаши куыд дзуры афтæмæй,  скъолайы  территорийæ  дарддæр  æдасдзинад фæтынгдæр кæнынæн, æфтауцæй мадзæлттæ æрцæудзæн ист.

«Къуырисæрмæ,  нын уыдзæн фембæлд  МХМ-ы  уагдоны къухдариуæггæнæгимæ, цæмæй æркæсæм  цы гæнæн ис саразын  скъолайы территорийæ æддæйæ  æдасдзинад фæтынгдæр кæнынæн.  Уый гæнæн ис уа æфтауцæй  мониторинг,  видеокамерæтæ, сæрмагондæй та  бæрзонд рискъы  уынгтыл –  адон сты æрмæстдæр мæ хъуыдытæ, кæцытæ  мæ  фæнды  базонын  кæнон  мидхъуыддæгты æмæ ахуырады министртæн.  Афтæдæр ис  нырыккон технологитæ, кæцытæй спайда кæнын ис гæнæн, фæлæ хъуамæ бахъахъхъæнæм баланс, цæмæй полицион режим  ма æрбахæссæм  ахуырады системæмæ. Уый уыдзæн процесс кæцымæ баиу кæндзыстæм  ныйарджыты æмæ  педагогты дæр.   Мæнмæ уæвæг информацийæ,  знон  скъолайы  территорийыл мандатон куыст æххæст кодта йæ  хæстæ.  Уый цыдæриддæр  знон æрцыд, уый уыдис  скъолайы территорийы æддæйæ, мах вæццæгæн  хъуамæ  ахъуыды кæнæм  мандатонты куысты   ауæрæхдæр кæныныл, цæмæй нæ бон бауа  скъолайы æддæйæ  бæрæг дистанцийыл уæддæр сæххæст кæнæм мониторинг. Знон нæдæр мандатонтæн æмæ нæдæр директормæ нæ уыдис  зæрдæхсады бындур, цæмæй гæнæн уыд исты конфликт æрцыдаит» –  расидтис Мариам Джаши.