«Скæсæн Партнерады»  ног  институцион   структурæйы фæлгæтты, фыццаг фембæлд сырæзт
«Скæсæн Партнерады» ног институцион структурæйы фæлгæтты, фыццаг фембæлд сырæзт

Брюсселы   «Скæсæн партнерады»  ног  институцион   структурæйы фæлгæтты, 12 марты  фыццаг фембæлд сырæзт.  Банысангонд информаци   публикацигонд æрцыд   евроцæдисы веб-фарсыл.

Ног струткурæйы   нысан у,   скæсæн   партнер æхсæз бæстæйы   реформæты   процессы  фылдæр эффектджынæй  сразæнгард кæнын,  цыппар приоритетмæ гæсгæйæ-   бирæ  хъæддыхдæр экономикæ,  фидардæр хицаудзинад, бирæ  фидæрдæр  бастдзинад æмæ   тыхджын æхсæнад.

Фембæлдыл уыдысты  Евроцæдисы уæнг  æмæ 6  партнер  бæстæйы,- Гуырдзыстны,  Сомихыстоны,  Азербайджаны,  Белорусы, Украинæйы  æмæ  Молдовæйы  минæвæрттæ.  Фæрстæ  2018 азы  нысаниуæгджын  фарстыл  сразы сты, цæмæй ивгъуыд  азы ноябры,  скæсæн   партнерады  саммиты  фæлгæтты,  химы цы хæстæ райстой,  уыдон сæххæст кæной.

Ног институцион  структурæйы  фæлгæтты  уагъд фембæлдыл,  хъусдард раздæхтой Скæсæн патрнерады  саммиты  рауæнæггонд  ролы æрдæм.

«Абоны фембæлд  нын ратта фадат,   сразы кæнæм  цæмæ баххæссын   у нæ бон  иумæ 2018 азы дæргъы.  «2020 азмæ 20 фæстиуæг» райсты  фæлгæтты» –  банысан кодта  сыхагон  политикæйы  ауæрæх кæныны  фарстыты еврокомиссар Йоханнес Ханн.