Сириаг курдæгты информацийæ,   уыдон  официалон Дамаскъимæ æрныхас кодтой,   цæмæй  Сирийы хицауад  Туркимæ арæны  цурмæ æфсад хъуамæ  арвита
Сириаг курдæгты информацийæ, уыдон официалон Дамаскъимæ æрныхас кодтой, цæмæй Сирийы хицауад Туркимæ арæны цурмæ æфсад хъуамæ арвита

Сириаг курдæгты информацийæ,   уыдон  официалон Дамаскъимæ æрныхас кодтой,   кæцы уый  нысан кæны, цæмæй  Сирийы хицауад   Туркимæ арæны  цурмæ æфсад хъуамæ  арвита. Информацийы  хъусын кæны «ВВС».

Ацы  бадзырды  фæлгæтты, Сирийы  æфсадмæ уыдзæн фадат.   Хайад райса  сахар Афринмæ бырсты, кæцыйы  протуркаг  тыхтæ  контрол кæнынц   марты  фæстæ.

Ахæлиугонд   информацийæ,с Сирийы   хицауады  æмæ курдæгты  æхсæн медиатор  уыд Уæрæсе.  Бадзырдтæ та  Сирийы  уырыссаг  авиабазæйыл ацдысты.

Уæдмæ   Сирийы  паддзахадон къанал  айхъусын кодта  информаци, ома зæгъгæ  бæстæйы гарзджын  тыхты хай, Сирийы   цæгаты æрдæм фæцæуы, цæмæй  Туркæгтæн  сæ  ныхмæ  слæууа.