Сириаг курдæгтæ дзурынц, цæмæй  сын  приоритетон нал у уыцы ахæстæтты хъахъъæрнынц, цы ран   ахст сты «Исламы Паддзахады»  уæнгтæ
Сириаг курдæгтæ дзурынц, цæмæй сын приоритетон нал у уыцы ахæстæтты хъахъъæрнынц, цы ран ахст сты «Исламы Паддзахады» уæнгтæ

Сириаг   курдæгтæ  хъусын кæнынц, цæмæй   Турчы   æфсæддон  операцийы  фоныл, уыдонæн  террористон къорд «Исламы Паддзахады»  ахæст  уæнгты   хъахъхъæнын  приоритетон  нал у.

Информацийы  уый фæдыл «ВВС»  «Сирийы   демокративон тыхты»  минæвæрттыл æнцойæ  хъусын кæны.

Банысан кæнын хъæуы,  цæмæй   сириаг курдаг хæцджыты  иугонд «Сирийы демокративон тыхтæм» ныр  «Исламы Паддзахады»  уæнгдзинады  зæрдæхсайд   мингай   ахæст ис.

Ныр Турк, кæцы  курдæгты  террористтыл нымайы, Сирийы  хуссар-скæсæны  æ  ныхмæ  æфсæддон операци  уадзы.

Турчы  хицауад   хъуын кæны, цæмæй   Сирийы   арæны  дæргъмæ, а.х.  æдас зонæйы  саразын хъавы, цы ран  æрцæрын кæндзæн сирийаг лигъдæтты.

Турчы æххæст хæцæн архæйдтыты  тыххæй.   Курдæгты   кантролгонд  сахартæй   ИНО-йы   бæрæггæнæнтæм гæсгæ,  100 минæй  фылдæр адæймаг рацыд, фæлæ  курдæгты  бæрæггæнæнтæй,  ацы  цифрæ  бирæ  стырдæр у  191 минæй   хизы.

«Сирийы   демокративон тыхты»  бæрæггæнæнтæй,   уыдонмæ  авд ахæстоны, «Исламы Паддзахады»   уæнгдзинады зæрдæхсайд  12 минæй   фылдæр  уæнг ис, æмæ сæ нымæцы  4  мин сты фæсарæйнаг æмбæстæгтæ.

«Исламы Паддзахады»   ахæстæтты хъахъæнын  приоритет нал  у. Уый мæт чи кæны,  æрбацæуæт  æмæ   сæхæдæг ссарæт рацæуæн»- банысан кодта «Сирийы   демокративон тыхты»  минæвар  Редур  Хелил. Йæ ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ,  курдаг хæцджытæ «Исламы Паддзахады»   ахст уæнгты  бæсты,  хъахъхъæндзысты  сæрмагонд адæмы æмæ  сæрмагонд сахартæ.

«Сирийы   демокративон тыхты»  минæвары дзырдæй, зæгъгæ  Турчы  операци регионы, æххуыс кæны   «Исламон Паддзахады»  ысцыдæн.

Ахæлиугон  хъусинæгтæй,  сахар  Камишлийæ Турчы бырсты  рæстæджы,  ахæстонæй, «Исламы Паддзахады»  фондз уæнг алыгъд.