Символон дæгъæлтæ   Францæй -   Гуырдзыстон  Европæйы  советы  сæрдар бæстæйæ  ссис
Символон дæгъæлтæ Францæй - Гуырдзыстон Европæйы советы сæрдар бæстæйæ ссис

Гуырдзыстон  Европæйы  советы сæрдар бæстæ   у.

Гуырдзыстонмæ  Францæй,  Европæйы  Советы  сæрдариуæгы   символон дæгъæл лæвæрд æрцыд  Страсбургы.

Гуырдзыстоны Фыццаг Къаналы  журналист Страсбургæй  куыд хъусын кæны   афтæмæй,   дæгъæл  Гуырдзыстоны  фæсарæн хъуыддæгты минист р Давит Залкалианимæ,  куыд Европæйы  Советы  фидæн сæрдармæ,  Францы   Европаг   хъуыддæгты  паддзахадон министр  Амели  де Моншален  алæвæрдта.

Гуырдызстон  Францæй   сæрдариуæг  Европæйы Советы   министрты  комитеты  рабатыл  райста.

Гуырдзыстон  Европæйы   советы  министрты  комитеты  сæрдар   бæстæ, абонæй  2020 азы 15  майы банымдæй, уыдзæн.  Сæрдариуæгæн бæстæ   цыппар   приоритет  фæбæрæг кодта.