Швецийы  «Ковид-19»-æй  фæрынчынуæвджыты нымæц  70 000-æй  ахызт
Швецийы «Ковид-19»-æй фæрынчынуæвджыты нымæц 70 000-æй ахызт

Швецийы  «Ковид-19»-æй  фæрынчынуæвджыты нымæц  70 000-æй  ахызт. Информаци уый тыххæй,  хъусын кæны  агентад «Ройтер».

Ивгъуыд  24 сахаты  дæргъы   бæстæйы  вирусæй  инфицирады 947 ног цау рабæрæг ис æмæ   41 адæймаг амард. Æмтгæй  райсгæйæ,   Швецийы  «Ковид-19»-æй фæрынчынуæвæг   5 411  адæймаг фæхъуыд.

Швеци  коронавирусы ныхмæ  тохы нысанæн, абаргæйæ рог  ахаст  сывзæрста æмæ  бæстæйы  карз карантины режим не рбайста.