Шиндисы 17  хъайтары  цырт  байгом  уыдзæн фидæн азы [фото]
Шиндисы 17 хъайтары цырт байгом уыдзæн фидæн азы [фото]

Абон  Шиндисы  тохы  фæмардуæвæг  хъайтарты ноджы иу  хатт æрымысыдысты.  Гуры районы Шиндисы хъæуы хъайтарты мемориалы  цур  æфсæддæтты  ном нæмттæ  арынц æнæхъæн боны дæргъы.

Мемориалы алфæмбылай  территорийыл лæууы  специалон баннер,  кæцыйыл æвдыст у  17 æфсæддоны  ном  ссарынæн  17 фигурæйæ  портретон цырты   композици.  Бронзæйæ цырт сæвæрынæн   мобилизацигонд у  милуаны онг лари.  Гуырдзыстоны  хицауад   рахицæн кодта 530 000 ларийы,  æмæ  хъахъхъæнынады министрад  та  400 000  лари.

Абон мемориалы  цур хъахъъæнынады министр Леван Изориа райхъусын кодта  цæмæй   Шиндисы  мард  хъайтарты номарынæн  цырт сæвæрдзысты  фидæн  азы.

«17 гуырдзиаг æфсæддоны  сæнусон кæнынæн Шиндисы  арызт æрцæудзæн  мемориал.  Гуырдзиæгтæ  историонæй,  ахæм æхсардзинады  руаджы фервæзтыстæм» – банысан кодта Леван Изориа.

Мемориалы  цур  æрымбырдуæвджытæн, абон мемориалы  скульптор  Нугза Чъавчъавадзе, цырты концепцийы  тыххæй информаци  базонын кодта.

Шиндисы  тох  2008 азы  11  августы  сырæзт.  Уырысссаг  æфсæддон  хайадимæ æнæмбæрц тохы рæстæджы  17   гуырдзиаг  æфсæддон  фæхъуыд –  Александре Ониани, Эмзар Цъилосани, Вепхиа Джишкариани, Звиад Кацадзе, Теймураз  Беридзе, Илиа Габуниа,  Илиа Шехълашвили,Ираклий Джанелидзе, Каха  Кошадзе, Леван Мелкадзе,  Марлен  Барамиа, Михеил Двалишвили, Николоз Порчхидзе, Роман Зоидзе, Руслан  Цъуладзе, Феликс Какауридзе æмæ  Шмаги Купатадзе.