Шатилы фæндагыл автокатастрофæйы фæстиуæгæн  17  адæймаг амард
Шатилы фæндагыл автокатастрофæйы фæстиуæгæн 17 адæймаг амард

Душеты муниципалитеты  Шатилы  фæндагыл,  фæндагон-транспортон цауы амæттаг фесты  17  адæймаг.

Гуырдзыстоны Фыццаг Каналæн  МХМ-ы куыд фехъусын кодтой  афтæмæй,  микроавтобус   80 метры бæрзæндæй   ахауд.  Аварийы  фæстиуæгæн æртæ адæймаг уæззау  цæфтæ  сты.

«Мидхъуыддæгты министрады  æхсæнадон æдасдзинады  фæткдæттæг  центр «112»-мæ  æрбацыд хъусинаг, ома Душеты муниципалитеты, хъæу Бисомæ  хæстæг, Шатилы æрдæм фæндагыл  æрцыд фæндагон-транспортон цау, кæцыйы  фæстиуæгæн,  микроавтобус 80 метр бæрзæндæй  ахауд. Хъусинаг  райстæй уайтагъд,  бынатыл мобилизацигонд æрцыд   мхм-ы алы  æмбæлгæ   дæлхайад.  Бынатыл   сты  ирвæзынгæнæг   куысты бргадæтæ, патрулон æмæ криминалон пъæлицæй,  зынгвæдисонтæ,  æмæ  тагъд медицинон æххуысы   къордта.

Фыццаг информацийæ,   микроавтобусы бадæг  17   æмбæстаг  амард, 3  та  уæззау  цæфтæ  сты.  Уыдоны  ирвæзынгæнджытæ   æдас территоримæ ракодтой,  кæцыты   тагъд медицинон  бригадæтæ  фæхæццæ  кодтой  рынчындæттæм.  Дарддæр кæны,  транспортон фæрæзы  уæвæг  æндæр уæнгты  агуырд.  Афтæма цæуы  бæлццæтты  идентификаци  æмæ  æндæр оперативон-фæдагурæн мадзæлттæ.  Снысан ис  алы хъæугæ  экспертизæ.  Мидхъуыддæгты министрад, æрцæугæ  факты  фæдыл  хъуыддаг рæгъмæ  рахаста Гуырдзыстоны тугтæрхоны барады кодексы  276-æм статийæ» – банысангонд у  МХМ-ы информацийы.