Шарль Мишель партитæн  цы документ бавдыста  уый къухбафыст æрцæудзæн абон
Шарль Мишель партитæн цы документ бавдыста уый къухбафыст æрцæудзæн абон

Шарль Мишель партитæн  цы документ бавдыста  уый къухбафыст æрцæудзæн абон –  «Гуырдзыстоны  размæцыды фæндаг»  Орбелианиты  галуаны  къухбафыст абон ацæудзæн.

Ацы рæстæгмæ  документыл  къух бафыссынмæ  цæттæдзинад  равдыстой  бадзырдты хайадисæг   алы  парти «Европаг Гуырдзыстоны» æмæ «Националон Змæлдæй» цух.

Уæдмæ  фембæлд  цыдис  Гуырдзыстоны  Евроцæдисы минæварады  офисы,  кæцыйыл  хицауады æмæ оппозицийы  минæвæрттæ  уыдысты.

Европаг Советы президент Шарль Мишель, политикон  партитæн  ног документ  знон бавдыста.  Сæрмгаондæй та, Шарль Мишелы  бавдыст   ног  документмæ гæсгæйæ,   «Гуырдзиаг Бæллиццы»  æнхъарæнмæ æмбæлгæйæ, 2022 азы снысан уыдзæн   æмгъуыдагъоммæ  парламентон æвзæрстытæ,  кæд хицаугæнæг парти, бынæттон хæдуынаффæйы  æвзæрстыты 43 проценттæй  къаддæрдæр хъæлæстæ райсдзæн.

Уыимæ иумæ, Шарль Мишелы документмæ гæсгæйæ,   бадзырд бафыссынæй  иу къуыримæ,  фарсытæ  политизиргонд нымад  дыууæ  хъуыддаг  хъуамæ ногæй æркæсой.