Шарль Мишель -  алкæмæн уын  æргомæй  дæттын дзырд, цæмæй Евроцæдис уæ бæстæйы æууæнкаг æмæ фидар партнерæй баззайдзæн
Шарль Мишель - алкæмæн уын æргомæй дæттын дзырд, цæмæй Евроцæдис уæ бæстæйы æууæнкаг æмæ фидар партнерæй баззайдзæн

Декабры нын уыдзæн радон саммит  Брюсселы æмæ  алкæмæн уын дæттын дзырд, цæмæй  Евроцæдис баззайдзæнис  фидар, æууæнкаг  партнерæй  уæ бæстæйæн, – уый фæдыл  Европаг Советы президент Шарль Мишель, Батумы æхсæнадæмон  конференцийыл «Гуырдзыстоны европаг  фæндаг», дзырдæй  ралæуды рæстæджы загъта.

Уымæй уæлдай ма Шарль Мишель   ныфс равдыста, цæмæй реформæты  æрдгæй цы хæсистытæ ис,  уыдон сыххæст уыдзысты.

«Ныфс нæ ис, цæмæй   сыххæст кæндзыстут  уæхимæ цы  хæстæ райстат  реформæты æрдгæй, Брюсселы нæ зæрдæ балхæнынæ нæ фæлæ.  уæ адæмы  æмæ æхсæнады  фарнæн», –  райхъусын кодта Шарль Мишель.

Уый ма банысан кодта, цæмæй адæймаджы  бартæ, æмсæрад, дискриминацийы æнæруагъд, прессæйы хъахъхъæдад,– адон уыцы  аргъдзинæдтæ сты, кæцы  у дзæбæхдзинады сеппæтæй  хуыздæр гаранти.

Европаг Советы президент фæныхас кодта уыцы  приоритеттыл, кæцытæ хурыскæсæн партнерады бæстæтæн  сты бавдыст.

«Фыццаг у экономикæйы прецедент, цæмæн нæй  ахæм программæйы  атонын, кæцы фæсæттæг у ацы регионæн.  Евроцæдис 2,3 миллиард евройæ æххуыс кæны  æмæ ацы  æххуыс  уыдзæн  17 миллиард евройы мобилизацийы фадат.  Афтæма, фидар мæ уырны, цæмæй нæ партнерад  ноджы стынгдæр уыдзæн  æмæ бафæраздзыстæм  мингай  километр фæндæгтæ  алыг кæнын, æфсæнвæндагон хызаг рапарахат кæнын  2030 азмæ.  Уый та  ноджы фæцыбырдæр кæндзæн    физикон дæрддзæг  нæ дзыллæты æхсæн,  уый у нысаниуæгджын капиталнывæрд   финансон ресурс рæувадат скæныны æрдгæй,  кæцы ноджы  сфидардæр кæндзæн  уæ бæстæты.   Æртыккаг  æмæ  кæройнаг сты реформæтæ – демократон хицаудзинад  у уымæн дæгъæл, цæмæй либералон  демократи  суа  нысаниуæгджын   акцент  тæрхондоны сæйрагдзинады,  расттæрхоны, коррупциимæ тохы æрдæмадæй.  Уый нæу  æрмæст политикон  æнæмæнгхъæуындзинад, уый у æнæмæнгхъæугæ  фактор ацы фадæттæй спайда кæнынæн, кæцыты дæтты ацы инструмент», – райхъусын кодта Шарль Мишель.