Шалва Папуашвили НАТО-йы фембæлдтæ ауадздзæн
Шалва Папуашвили НАТО-йы фембæлдтæ ауадздзæн

Гуырдзыстоны парламенты  ногæвзæрст  сæрдар Шалва Папуашвили Брюссельмæ  фыццаг кусæн визиты фæлгæтты фембæлдтæ  ауадздзæн  НАТО-ы  штаб-хæдзары. Информаци уый тыххæй хъусын кæны   парламенты пресс-куыст.

Парламентон делегаци, Гуырдзыстоны  парламенты сæрдары къухдариуæгæй, НАТО-Гуырдзыстоны комиссийы  (NGC) райсдзæн хайад.

Æддæ ахастыты  комитеты сæрдар Николоз Самхарадзейы  фидиуæнæй,   зæгъгæ нысаниуæгджын  у, цæмæй  рæстæгæй  ацы  визит фемдзыд ис тынг вазыгджын уавæримæ   регионы  æмæ  афтæдæр  бадзырдтимæ НАТО æмæ  Уæрæсейы æхсæн.

«Махæн  нысаниуæгджын у,  йæхæдæг равзæрæнæй  райсæм информаци  уый фæдыл, цæмæй   куыд цæуынц  ацы  бадзырдтæ,  уымæн æмæ   НАТО-ы æххуыс  Гуырдзыстонæн æнæфæцудгæ у.   Фæнды нæ ныхас кæнын  фидæны  перспективæтыл, гæнæн   сценартитыл æмæ ма афтæдæр уыцы къахдзæфтыл, кæцы  гæнæн ис куыд мах,  афтæ НАТО-ы хъуамæ  саразой  цæмæй  Гуырдзыстоны  НАТО-йы  уæнгтæм райст  фæтагъддæр уа.  Уый у  критиконæй   нысаниуæгджын, уымæн æмæ  абон, нырид алчи æмбары, цæмæй  Европæйы  æдасдзинад  Гуырдзыстон æмæ Украинайы  æдасдзинадыл у  баст æмæ уый тыххæй дæр  ам куылымпытæ æмæ фæхатыртæ  нæрайсгæ  сты», –  райхъусын кодта  Николоз Самхарадзе.

Делегацийы  сконды, кæцыйæн къухдариуæг кæны  парламенты сæрдар,  сты Гуырдзыстоны парламенты  хъахъхъæнынады æмæ   æдасдзинады  комитеты сæрдар Ираклий Бераиа, æддæ ахастыты  комитеты  сæрдар Николоз Самхарадзе  æмæ фæсарæн хъуыддæгты министры  фыццаг хæдивæг  Лаша Дарсалиа.