Сентябры  бæстæмæ  æрцæугæ æхцайæ æрвитæггæгтæ 28,7 процентæй райрæзтысты
Сентябры бæстæмæ æрцæугæ æхцайæ æрвитæггæгтæ 28,7 процентæй райрæзтысты

Националон банкы  нформацийæ,  2020 азы   сентябры   бæстæмæ  æхца æрвитæггæгты  къадайы  бæрцуат  192,7 млн  АИШ доллар (611.4 млн лари) уыд, кæцы  28,7 процентæй, кæнæ та  43,0  млн АИШ долларæй  фылдæр у  2019  азы  сентябры бæрæггæнæнтимæ абаргæйæ.

Централон банкы хъусинагæй,   фæсарæнтæй   Гуырдзыстонмæ æхца æрвитæггæгты  94,7 процент уыцы  19  стыр бæстæмæ  хауынц, кæцæй дæр   ахæм æрвитæггæгты   бæрцуат  сентябры  1 млн АИШ долларæй  фылдæр уыд. Афтæ ма уыцы 19  бæстæйæ уыд   ивгъуыд азы  сентябры  æппæт æхцайæ æрвитæггагы  94,6  процент.

Æрвитæггæгты  бæрцæй   лидер у  Уæрæсе.   Сеппæтæй  фылдæр  æрвитæггаг –   35,13  млн АИШ доллар, цæугæ азы  сентябры   растдæр Уæрæсейæ  цыдис.  Дыккаг бынатыл  29,21  млн АИШдолларæй  у  Итали, Стæй  АИШ-æ –  22,65 млн долларæй, цыппæрæм  бынатыл  21, 45 млн АИШ долларимæ  у Греци,  фæндзæм та   Израил – 13, 98 млн АИШ долларæй.

Уыйимæ иумæ  ма Евробанкы  информацийæ,  2020 азы   сентябры  Гуырдзыстонæй  фæсарæнтæм  25,1 млн АИШ  доллар (79,5 млн лари)  æрцыд  æрвыст, кæцы  ивгъуыд  2019 азы  сентябры бæрæггæнæнтæй 22,4  процентæй  фылдæр у.