Себастьян Моллинеус – Райгонд дæн, Гуырдзыстоны бирæ нысаниуæгджын  реформæ куы  уынын уымæй
Себастьян Моллинеус – Райгонд дæн, Гуырдзыстоны бирæ нысаниуæгджын реформæ куы уынын уымæй

Тынг райгонд дæн, Гуырдзыстоны бирæ ахсджиаг  реформæ кæй уынын  уымæй –  уый фæдыл райхъусын кодта  Хуссар Кавказы  Дунеон Банкы  (WB) регионалон  директор  Себастьян Моллинеус, Гуырдзыстоны  премьер-министр  Ираклий Гъарибашвилиимæ  фембæлды фæстæ.

Моллинеусы дзырдæй,  Гуырдзыстон куыд регионы, афтæ глобалонæй  фидар лидеры роль хъазы.

Ираклий Гъарибашвили  æмæ Себастьян Моллинеус  Гуырдзыстоны æмæ Дунеон Банкы  цæугæ æмæ  плангонд проекттæ æмæ пандемийы  рæстæджы Дунеон Банкæй Гуырдзыстонæн æххуысы  фарстæтæ  афæлгæстой.

Сæрмагондæй бахахх кодтой  пандемийы ныхмæ  тохы Дунеон Банкæй нысаниуæгджын æххуыс.

Премьер-министр Себастьян Моллинеусæн  Гуырдзыстоны хицауадимæ  эффективон  æмæ  фæстиуæгджын  æмгуыстады тыххæй  раарфæ кодта æмæ банысан кодта, цæмæй  Гуырдзыстоны экономикæйы  æндæр æм æндæр секторы Дунеон Банкы  хайбавæрд нысаниуæгджын у.  Йæ ныхæстæм гæсгæ,  зæгъгæ  дæсгай азты  дæргъы Дунеон Банк  бирæ  нысаниуæгджын проекты æмфинансдзинадæн рауæлдай кодта  финансытæ, кæцы æмтгæй райсгæйæ 2,7 миллиард  АИШ долларæй  фылдæр у, Дунеон банкы  уæвæг  портфел та  12 активон  инвестицион проекты æмæ  рæзынады   политикæйы  операцитæй  у, кæцыты æмтгæйон  аргъ  928 милуан АИШ доллары бæрц у.

Ныхасы рæстæджы банысан ис, ома лыстæг  æмæ астæуккаг  кондадтæ  стынг кæнынмæ ориентацигонд проекттæ  экономикæйы æмæ  гуырдзиаг бизнесы  этапгай  сæндидзын кæныны  процессæн стыр стимул ратта.  Премьер-министры дзырдæй, зæгъгæ  Гуырдзыстоны нысан у Европæ æмæ  Азийы æхсæн  транспортон  æмæ  логистикон  центрæй фестын, уый тыххæй  регионон  рæзынады  проекттæ хисцадаы бонвæткы  приоритетон сты,  ацы  Дунеон Банкы  финансон æххуыс та  нысаниуæгджын  роль æххæст кæны.

«Иттæг æхцон уыдис Гуырдзыстоны премьер-министримæ фембæлд. Ныхасы сæйраг акцент  арызт уыд  экономикон  реормæты  программæйыл. Тынг  райгонд дæн, цæмæй бирæ  иттгæ нысаниуæгджын реформæ уыныны Гуырдзыстоны  цæугæ кæнæ  райдайгæйæ.    Уыдонæй  фыццаг у  адæймагон капиталы  бонвæтк, кæцыйы æрдгæй  Дунеон Банк Гуырдзыстоны  хицауадимæ иумæ   цæттæ кæны  ставд æмæ зæгъин – бынтон æндæргæнæг реформæты программæ, кæцы фæхуыздæр кæндзæни  æнæнизхъахъхъæды системæйы  уæвæг уавæр. Ам сæрмагондæй  ахсджига у  хоскæныны æмæ медикаменттыл, дзыппæй фыст  суммæтæ, кæцы бæстæйы бирæ æмбæстагæн  тынг зынаргъ у.  Ахæм æнхъæлц  нæм ис  ахуырадон  сферæйы уæвæг  уавæрмæ гæсгæйæ,   ныфс дарæм, ома Пизайы (PISA) æхсæнадæмон  рейтингы бæстæ  фæразæй  уыдзæн  æмæ райдайæн скъолайæ  университетон  æмвæзады онг, ахуыры гъæд фæхуыздæр уыдзæн. Æртыккаг æрдæмад у  социалон  хъахъхъæдады  нысаниуæгджын реформæ сыххæст, цæмæй фæхуыздæр уа  нысанон миниуæг  æмæ  æххуыс фæхæццæ уа ахæм бинонтæм, кæцытæн  сегасдæр  хъæугæ уыдзæн –  уæлдайдæр сывæллонджын бинонтæм.  Раст ай у адæймагон капиталы бонвæтк.  Нæ ныхасы сæйраг  темæдæр раст аци фарста уыд.  Дыккаг фарста  уыдис ног коронавирусыл  регирдзинады мадзæлттæ,  цæмæй  хицауады сыххæст  æвæрццаг инициативæтæ – цъæх паспорттæ, карджынтæн  финансон уæлæмхасæн –  адарддæр уа  æмæ стыхджын уа  фидар  коммуникацион  æмæ  информацион  кампанийы  фæрцы.  Уый æппæтæн йæ нысан у, æппæт бæстæйы  цæрджыты вакцинаци. Æртыккаг фарстайæ æркастыстæм  экономикон æмæ структурон  реформæты  бонвæтк.  Цы реформæтæ  хъуамæ  сыххæст уа  бæстæйы  экономикæйы  продуктивондзинад райрæзын кæнынæн, цæмæй  сæвзæра фылдæр кусæнуат.  Ноджы ма цы реформæ хъæуы  æнæфæцудгæ экономикон  рæзынад химæ руадзынæн,   ам  мæ  хъуыдыйы  дарын, конкретонæй климаты  бонвæтк.  Æмæ æппынфæстаг, цы хъæуы конкурентхъом æмæ цифрон  экономикæ срæвдз кæнынæн Гуырдзыстоны.

Фæстаг, фæлæ афтæдæр тынг нысаниуæгджын фарста,  кæцы æркастыстæм æххæссыд  логистикæмæ.  Ныхас кууы цæуы  регионон  бастдзинадыл æмæ интеграцийыл, Гуырдзыстон фидар лидеры роль æххæст кæны  æнæ рмæст регионы, фæлæ ма  глобалонæй дæр, уымæн æмæ ахæм геополитикон  равæрд  йем ис ам, ацы регионы» – райхъусын кодта  Себастьян Моллинеус.

Информаци ахæлиу кодта Гуырдзыстоны премьер-министры  пресскуыст.