Save the Children –Йемены 5,2 сывæллонмæ æртъхъирæн кæны сыд
Save the Children –Йемены 5,2 сывæллонмæ æртъхъирæн кæны сыд

Йемены   5,2 милуан сывæллонмæ æртъхъирæн кæны  æххормагдзинад. Æмбæлон  бæрæггæнæнтæ  хæлиу кæны  æхсæнадæмон организаци  Save the Children.

Йемены  гарзджын конфликт  нырид æртæ аз у  цы даргъ кæны. Ацы рæстæджы  дæргъы  бæстæйы   хæринаг продукттыл  æргътæ  68 процентæй райрæзтысты, Йемены  националон валютæ  риал та, сæнæаргъ ис  180% -йы.

«Милуангай  сывæллон нæ зонынц,  кæд фæхæст уыдзысты  хæринагыл  кæнæ бынтон  сæм  исты  бафтдзæн  æви нæ.  Цæгат  Йемены  иуæй-иу рынчындоны  кæм уыдтæн уым,   сывæллæттæ  уыййас мæллæг  сты æмæ кæуын хъом дæр нал сты. Хæст Йемены сывæллæтты   æнæхъæн  фæлтæры   мæлæты  тасы  æвзæрын кæны.  Сывæллæттæ  бирæ  тасы   раз лæууынц,   бомбæтæй  райдайгæ,  æхормагдзинад  æмæ халеры хуызæн  низтæ», –  райхъусын кодта  организаци  Save the Children æххæстгæнæг  директор Хелле  Торнинг-Шмидт.

Æхсæнадæмон организацийы  бæрæггæнæнтæй   Йемены  цæрæг  36 мин  сывæллон гæнæн ис  афæдзы  кæронмæ  амæла,  кæд сын  æхсæнадæмон дзыллæ  рæхджы нæ  баххуыс кæна уæд.