Сау Денджызы хаххыл  3-4  баллы шторм ис – хинайын  тобæгонд у
Сау Денджызы хаххыл 3-4 баллы шторм ис – хинайын тобæгонд у

Сау Денджызы донбылыл, Ачъарайы, Гуриайы æмæ Самегрелойы  территорийыл, 3-4  баллы онг шторм ис.

МХМ-ы уæлвæтк уавæрты фæткдар куысты  информацийæ,   райтыгъдтой   сырх  тырысатæ   æмæ ирвæзынгæнджытæ  улæфджыты фæдзæхсынц, цæмæй   донмæ ма ныххизой.

МХМ-ы уæлвæтк уавæрты фæткдар куыст сиды  улæфджытæм,  бакоомæкæсæт  ирвæзынгæнджыты амындтæм  æмæ  бахъахъхъæнæнт  æдасдзинады нормæтæ; ма  фæуадзæн æнахъом  сывæллæтты  æнæхъусдар; ма ныххизæт  донмæ  алкоголон ныуæзт уæлæндæвд уæвæгæйæ кæнæ сасирвадæй;  дард  ма  бален кæнæнт;  ирвæзынгæнджытæй сырх тырысатæ  куы райтауынц  уыцы  цауы  ма бацæуæт донмæ.

Уагдоны хъусинагæй зæгъгæ,  лен кæнын гæнæн  куыддæр бауыдзæн афтæмæй  райтаудзысты  урс  тырысатæ.