Сандра Гаделиайы æнтыстджын рацыд Сабион Евроуынынад 2020-ы конкурсыл [видео]

Сабион Евроуынынад 2020-ы  конкурсыл  Гуырдзыстоны минæвар   Сандра Гаделиа 7-æм номырæй рацыд.  Гуырдзиаг конкурсант  азарыд Гига Кухианидзейы зарæг  «Ды иунæг нæ дæ» (You are not alone) .

Пандемийы тыххæй  Сабион Евроунынады  ацы азы   конкурс хайгай дистанционæй  цæуы. Сабион еврофестивалы  12 бæстæйы   минæвæрттæ  исдзысты  хайад.

Сабион Евроуынынады  конкурсыл   схъæлæс  кæнын  гæнæн уыдзæн  веб-фарсыл vote.junioreurovision.tv. Схъæлæс кæнын гæнæн ис  онлайн- дунйеы  кæцы фæнды  ранæй. Видео феныны  фæстæ, уæ  бон у схъæлæс  кæнын  æртæ  конкурсантæн, сæ нымæцы  Гуырдзыстонæн.  Хъæлæскæнынад  фæуыдзæн абон, 29 ноябры, 20:00 сахатыл. Абон та комкоммæ   эфиры  цыды  рæстæджы, зарджытæ  иууылдæр куы азардзысты   ноджы  уын иу  хатт  уыдзæн   схъæлæс кæныны фадат æрмæст  15 минутæй.

Гуырдзыстоны  номæй  конкурсон баллты  тыххæй  радзурдзæн  «Ранина»-йы  иуæй-иу  хайадисæг, Марита Хведелидзе.

Сабион Еврофестивалы  комкоммæ  трансляци, т радиционæй   æвдисы  Гуырдзыстоны Фыццаг Канал.