Самебайы  кафедралон аргъуаны, бæрæгбонон  хуыцаумæскуывд сæххæст кæндзæн Илья Дыккаг
Самебайы кафедралон аргъуаны, бæрæгбонон хуыцаумæскуывд сæххæст кæндзæн Илья Дыккаг

Самебайы  кафедралон  аргъуаны  Амагълебайы (Зæрдæвæрæн)бæргбонон литургийы æххæст кæны Æппæт Гуырдзыстоны Каталикос–Патриарх Илья Дыккаг.

Фыд Теймураз  Татаришвили  куыд банысан кодта  афæтæмæй,  Амагълеба (Зæрдæвæрæн) зæгъгæ, 12  рæстдинон  бæрæгбæттæй    у иуæй-иу  сегасæй  стырдæр бæрæгбон æмæ рæстдинон   аргъуан  æй  бæрæг кæны  Куадзæнæй  40 боны фæстæ.

«Абоны бон  рæстдинонтæн   сæрмагондæй  ахсджиаг бон у,  уымæн æмæ царддæттæг  Куадзæны райгас æмæ 40 боны фæстæ Зæрдæвæрæны уæларвмæ куы цыд, уæд йæ ахуыргæнинæгтæн зæрдæ бавæрдта, иунæгæй сæ кæй нæ ныууадздзæн, кæй сæм ‘рыздæхдзæн, уымæй. Официалонæй  куыд æбæрг  афтæмæй,   литургийы фæстæ,   æндæр æмæ æндæр аргъуантæй  рацæудзысты  рæстдинонтæ  аргъуанархайджытимæ иумæ  æмæ   иумæйаг  скуывд сæххæст уыдзæн,  уымæн æмæ абоны бон , Патриархы  арфæйæ  баст у  бинонты  сыгъдæгдзинад æмæ  дзæбæхдзинадимæ» – райхъусын кодта Фыд  Теймураз.

Афтæдæр  йæ ныхæстæм гæсгæ,   Харебайы  номыл аргъуаны  цалдæр дæсой   къайы  дзуарæфтыд  ацæудзæн,  цæмæй  сæ  къайад  арфæ райса  йæхæдæг  аргъуанон мистерийы  æмхайадæй.