Самебайы кафедралон аргъуаны ацыд радон æппæтадæмон аргъуыд
Самебайы кафедралон аргъуаны ацыд радон æппæтадæмон аргъуыд

Самебайы кафедралон аргъуаны   абон 57-æм æппæтадæмон   аргъуыд  ацыд.  Аргъуд  Самебайы кафедралон аргъуаны райдыдта 17:00 сахатыл. Патриархы  дзуарджынтæй  абон ноджы  630-ы онг   сывæллон ссис.   Уыдонæн  натлиагондты   æвдисæндæрттæ   æмæ  дзуæрттæ  раттой.

Йæ  натлиагондтæн  Гуырдзыстоны  Каталикос-Патриарх,  Илья Дыккаг  йæхæдæг ракувдзæн.  Илья Дыккагмæ  Самебайы  кафедралон аргъуаны   20:00  сахатмæ æнхъæлмæ кæсынц.

Æппæтадæмон   аргъауыны   идея  у  Каталикос-Патриархы  æмæ   йæ  нысан та  у  бæстæйы демографион   уавæр рараст кæнын.Илья Дыккаг   дзуарæфтыд бинонты   алы æртыккаг  æмæ уый  фæстæ хъæбулты   аргъауы.

Фыццаг хатт   аргъуыд  Самебайы  аргъуаны  2008 азы  19  январы   сырæзт.  Каталиколс-Патриархæн ныридæгæн ис   37 минæй  фылдæр  æмдзуарджын.