Саломэ Зурабишвили Женевæйы куысты  æхсæнадæмон  организацийы 100  азы сæрмæ нывонд конференцийы райсдзæн  хайад
Саломэ Зурабишвили Женевæйы куысты æхсæнадæмон организацийы 100 азы сæрмæ нывонд конференцийы райсдзæн хайад

Гуырдзыстоны  президент  Саломэ Зурабишвили, кусæн визиты фæлгæтты,  абон Женевæйы   æхсæнадæмон организацийы  108-æм  конференцийы  райсдзæн хайад,  кæцы  организацийы  100 азы  сæрмæ  нывонд у.

Гуырдзыстоны  президенты администрацийы  информацийæ,   сом, 11  июны,  Саломэ  Зурабишвили конференцийы  фæлгæтты дзырдæй ралæудзæн  æмæ реформæтыл,  æнтыстытыл,  сидтытыл,  Гуырдзыстоны  куысты фæдыл  закъондæттынады æмæ æндæр фарстытыл  сцырын кæндзæн хъусдард.

Швейцарийы  конфедерацийы  Гуырдзыстоны  сæрмагонд æмæ æххæстбарджын минæвары, Давит  Джалагъаниайы  фидиуæнæй,    конференци, кæцыйы Гуырдзыстоны  президент   исы хайад,  организацийы  100 азы  сæрмæ  нывонд у, уый тыххæй дæр  организацийы  лидертæ,  бацархайдтой  цæмæй  конференцийы хайад райстаиккой  бæрзонд рангы  уазджытæ – конференциймæ ныццыдсты  40 бæстæйы  лидеры æмæ 190-ы онг  бæстæйы   5000 делегаты.