Саломэ Зурабишвили –Уæрæсеимæ ахастыты хъуыддаджы техникон форматтæ ницæйаг сты
Дохтыр Важа Гаприндашвилийы хъуыддаджы алыварс хорз уынæм, куыд ницæйаг сты техникон форматтæ – уый фæдыл Гуырдзыстоны президент, Саломэ Зурабишвили райхъусын кодта Гуырдзыстоны Фыццаг Къаналы алæвæрд «Сæрибар Цæстæнгасы» Женевæйы форматы тыххæй, афтæдæр Уæрæсеимæ ахастыты фæдыл фарсты дзуаппæн.
Саломэ Зурабишвили куыд райхъусын кодта афтæмæй, Гуырдзыстон техникон форматты «аныгъуылд», ацы процесс дарддæр кæны фæлæ ницы ивы.
«Ныр тынг хорз æмбарæм, цæмæй дохтыр Важа Гаприндашвилийы хъуыддаджы алыварс куыд ницæйаг сты техникон форматтæ, ницы фæстиуæг ис, уымæн æмæ бæрæг у, цæмæй бюрократтæ ацы цауы не сты политикон скуыддзæгтæ райсын хъом. Мах ацы техникон форматты кæмдæр ныффидар стæм, фæлæ уæддæр дарддæр кæнæм ацы процесс, фæстиуæг та нæй. Мæ фыццаг бонæй æркуырдтон, цæмæй баусæм уыцы æрдæм æмæ политикон масштаб раттæм, уымæн æмæ реалонæй Женевæ сæрæй уыдис политикон æмвæзадыл æмæ стæй æрхызтис ацы техникон æмвæзадмæ. Дыккаг у, партнертимæ, æхсæнадæмон æмгарадимæ, бакусæм ууыл, цæмæй нæ кой уа алы этапыл, ныхас куы цæуы Уæрæсейы тыххæй æмæ се рдгæй æндæр конфликттыл, уæд. Дæнцæн, Францы президентæн, куы зыдтон æмæ мын зæгъгæ дæр кодта Нормандиаг фембæлдты кæй хаъвыд уый тххæй, уæд æнæ иу хатт бакой кодтон, цæмæй æнæмæнгхъæугæ у Гуырдызстоны фарста æмæ нæ конфликт, оккупацигонд территориты кой дæр уа æхсæнадæмон æмвæзадыл. Фæнысан кæнинаг у, цæмæй нæ дыууæфарсон форматы «Амилахварийы диалогы» форматы – Франц тынг хорз райста ацы фарста æмæ бахахх кодта растдæр оккупацигонд территоритæ уыц терминтæй, кæцытæй раздæр никуы пайда кодта»,- загъта Саломэ Зурабишвили.
Афтæма, президенты дзырдæй, зæгъгæ дунейы алцыппæт ивы æмæ алчи алкæйимæ ныхас кæны. Гуырдзыстон реалонæй нæ пайда кæны алы дипломативон ресурсæй, Украина та, цæттæ у алы уæвæг фадæттæй спайда кæна.
«Мах кæнæ хъуамæ спайда кæнæмæ алы фадатæй, кæнæ та абон куыд стæм афтæ уæм æмæ уæд фæзыны фарст – цымæ, ницы йæ бон у хицауадæн, цæмæй аскуыддзаг кæна ацы хъуыддаг? Мæ фæлтæрддзинадæй, дыууæ цыдæр зонын – кæнæ хæст – кæнæ дипломатий, цæмæй ацы фарста аскуыддзаг кæнай. Æртыккаг фæндаг нæй. Мах цæуæм æртыккаг фæндагæй, уымæн æмæ нæ хæлæрттæй курæм, спайда кæной сæрмагонд дипломативон фæрæзтæ, цæмæй нын баххуыс уой», – банысан кодта Саломэ Зурабишвили.
Президент хъуыды кæны, цæмæй дæнцæн Гуырдзыстонæн дзæбæх уидаит Нормандиаг типы формат.
«Дæнцæн, зæгъин, цæмæй, кæд фадат уыдзæн, Нормандиаг типы формат бакусын, кæцыйы Гуырдзыстон йæ партнертимæ иумæ уыдзæн, уымæн æмæ иунæгæй бадзырдты тых махмæ нæй, æмæ уый тыххæй цæмæй бадзырдтæ фæстиуæгджын уой ма хъуамæ уай æнæмсæр уавæры, кæцыйы дæр уыдзыстæм ахæм цауы. Ацы æххуыс нæ тыхджын хъæуы, цæмæн архайы Украина ахæм форматæй æмæ цæмæн нæ аразы бадзырдтæ иунæгæй? Гæнæн ис æрлæууа афон, æмæ комкоммæ бадзырдтæ бахъæуой, фæлæ мах хъуамæ райдайæм ацы фадат агурын æмæ нæм куы æрбафта уæд тыхджын дзæбæх уаид. Мах ноджы иу хатт хъуамæ бацагурæм алы хуызы фадат, уый тыххæй, цæмæй аскуыддзаг кæнæм ситуаци», – банысан кодта Саломэ Зурабишвили.
Афæтма, президент куыд дзуры уымæ гæсгæ, диалог æмæ бадзырдтæ нæ нысан кæнынц уый æмæ искæмæн исты уæлдай уадзæм.
Афтæма президенты дзырдæй, зæгъгæ æнæмæнгхъæугæ сты Женевæйы, Абашидзе-Карасины форматтæ, уымæн æмæ æндæр ницы ис.