Саломэ Зурабишвили – Сом Гуырдзыстоны Европаг фæндагæн у ахсджиаг бон, ацы боны размæ та  парламенты айтынггонд фæзындтæ  бæстæйæн  знаггадгæнæг æмæ нæрайсгæ сты
Саломэ Зурабишвили – Сом Гуырдзыстоны Европаг фæндагæн у ахсджиаг бон, ацы боны размæ та парламенты айтынггонд фæзындтæ бæстæйæн знаггадгæнæг æмæ нæрайсгæ сты

Гуырдзыстоны президент  Саломэ Зурабишвили  абон парламенты айтынггонд фæзындты кой кæны  æмæ  банысан кодта,цæмæй  Батуммæ Европаг Советы æмæ «Хурыскæсæн  партнерады»  ассоциацигонд бæстæты – Украина æмæ Молдовайы  президенттæ æрцæудзысты, ацы нысаниуæгджн  боны размæ та  Гуырдзыстоны парламенты айтынггонд фæзындтæ  бæстæйæн сты знаггадгæнæг.

«Сом, Гуырдзыстонæн, йæ Европаг  фæндагæн, Евроцæдисы уæнгсуæвын æмæ бæстæйы дарддæры рæзынадæн  у ахсджиаг бон!  Батуммæ  Европаг Советы æмæ  «Хурыскæсæн партнерады» ассоциацигонд бæстæты – Украина  æмæ  Молдовайы  президенттæ  æрцæудзысты!  Ацы нысаниуæгджн  боны размæ та  Гуырдзыстоны парламенты айтынггонд фæзындтæ  бæстæйæн сты знаггадгæнæг æмæ æмтгæйонæй нæрайсгæ у!

Цыфæнды цауы,  раст нæу  адæймаджы  барты халын  æмæ уæлдайдæр  та парламенты, кæцы  фидар  кæны  адæймаджы барты  хъахъхъæдæн закондæттæг бындур  æмæ кæцы хъуамæ уа цæвиттойнаг  æхсæнадæн!

Медиимæ  кусæн ахастыты режим аскуыды  тыххæй  куы  зæгъæм уæд  цыфæнды критикон позицимæ нæкæсгæйæ,  алчи  разы стæм, цæмæй   бæстæйы  дзырды æмæ  хъуыды равдысты  сæрибардзинад  хъахъхъæд хъуамæ уæд  æмæ медийæн æнæкуылымпыйæ кусыны  фадат хъуамæ  уа!  Сом Батумы  æхсæнадæмон конференцийыл æмæ  лидерты  фембæлдыл  уыдзæн уынаффæ  нæ бæстæйы  иу  альтернативæ цæмæн нæй  ахæм æвзæсртыл – Европæйы æрдæм фæндагыл!  Æртæ ассоциацигонд бæстæ,  къух фыссынц   иуæймаг декларацийыл!  Нæ фæндон,  уæм  Европаг бинонты уæнг, хъуамæ сфидар кæнæм хъуыддагæй дæр  æмæ раст уый афон у  райсом!» –  дзырдæуы Сломэ Зурабишвилийы  фидиуæны.