Саломэ Зурабишвили   парламентмæ æрвылазон  раныхас  4  марты   бавдисдзæн
Саломэ Зурабишвили парламентмæ æрвылазон раныхас 4 марты бавдисдзæн

Президент Саломэ Зурабишвили   парламентмæ æрвылазон  раныхас  4  марты   бавдисдзæн.

Гуырдызстоны  Фыццаг Каналы  информацийæ,   президенты   закъондæттæг органы  ралæуды  датæйыл ныридæгæн  æрныхас кодтой.

Президенты рангы   Саломэ Зурабишвили   парламентмæ  дыккаг æрвылазон  хыгъдлæвæрд  бавдисдзæн.  Президенты æрдгæй,  хыгъдлæвæрды  бавдыст  бæлвырд у  Гуырдзыстоны  конституцийæ æмæ парламенты регламентæй.

Регламентмæ гæсгæйæ,   куыд уаг афтæмæй,   парламент бæстæйы  уавæры  сегасæй  ахсджиаг  фарстатыл   президенты  æрвылазон  раныхасмæ   уалдзæгон   сессийы   пленарон  рабадты  фыццаг  бон  байхъусы.

Саломэ Зурабишвили президенты  рангы парламенты  фыццаг раныхас   ивгъуыд азы  6 марты   бавдыста.  Пленарон рабадты  президенты  рацыды протесты нысанæй,  «Националон Змæлд»  æмæ «Европаг Гуырдзыстоны»  уæнгтæ, хайад нæ райстой.