Саломэ Зурабишвили - НАТО-Гуырдзыстоны комиссийы рабадт министрты æмвæзадыл хъуамæ ацæуа
Саломэ Зурабишвили - НАТО-Гуырдзыстоны комиссийы рабадт министрты æмвæзадыл хъуамæ ацæуа

Гуырдзыстоны  президент  Саломэ Зурабишвили   абон НАТО-йы  генералон  нымæрдар  Йенс  Столтенбергимæ   телефионæй  аныхас кодта.  Ныхасы рæстæджы  афæлгæстой  сырæзт уæззау  уавæр   æмæ НАТО-йы   генералон нымæрдар  сегасдæр бæрзонд аргъ скодта  вирусы фæдыл  Гуырдзыстоны   хицауады  тыхархайдтæн  æмæ  сæ  тынг эффективонæй  схуыдта.

Информаци  ахæлиуы  кодта   Гуырдзыстоны  президенты  пресс-куыст.

Гуырдзыстоны  президенты дзырдæй,  зæгъгæ  пандемийæ расайгæ  кризисмæ  æнæкæсгæ,  тынгдæр кæны  Гуырдзыстоны æмахаст Евроцæдисимæ æмæ  НАТО-имæ.  Йенс  Столтенбергы  фидиуæнæй,   зæгъгæ Гуырдзыстон НАТО-йы  партнер бæстæ у  æмæ  нысаниуæгджын   у   фæтынгдæр кæнæм  иуæймаг куыст.

Йæ ныхæстæм гæсгæ,   зæгъгæ  вирусы аххосæй  сæвзæргæ  кризис ма хъуамæ феста  æдасдзинады  кризисæй.  Саломэ Зурабишвили ныфс разагъдта, ома пандемийы  тыххæй  Европæйы   НАТО-йы масштабон   ахуырты  хай аргъæвдмæ  æнæкæсгæ,  уый фидæны азы дæр   ацæудзæн, æмæ  пълагонд куыд уыдис,  афтæ  Гуырдзыстон дæр  сфысым кæндзæн ахуыртæн, кæцы хæстæг  партнерады  æмæ мæкуысткæнынады  амонæг у.

Саломэ Зурабишвилийы   куырдиатæй,   зæгъгæ Гуырдзыстон НАТО-имæ  дыууæ  сæйраг  приоритетон  ардæмадæй  кусы –  Сау Денджызы  æдасдзинад, кæцы   нысаниуæгджын у, æнæ æрмæст Гуырдзыстонæн, фæлæма  НАТО æмæ   Евроцæдисæн дæр æмæ киберæдасдзинад.

Столтенбергы фидиуæнæй,   зæгъгæ Сау Денджызы  æдасдзинады тыххæй  фарсытæ  фидæл информаци  хъуамæ зонын кæной   кæрæдзийæн  æмæ коронавирусы  пандемийы  фæуды фæстæ, фылдæр пълантæ  хъуамæ  сæххæст кæной.  НАТО-йы  генералон  нымæрдар   хаххгондæй банысан кодта,  Афгъанистаны  НАТО-Гуырдзыстоны  æмкуысткæнынады   нысаниуæг,  Сегасдæр бæрзонд аргъ скодта  ацы  æмкуысткæнынадæн  æмæ  миссийы   Гуырдзыстоны  æфсæддæтты хайбавæрд та  схуыдта хъæддыхæй.

Гуырдзыстоны президент  ма банысан кодта, цæмæй  НАТО-Гуырдзыстоны   комиссийы   рабадт  министрты æмвæзадыл  хъуамæ  ацæуа.