Саломэ Зурабишвили – мæнмæ æмæ мæ хъæбултæм, «Националон Змæлдимæ» баст раздæры æфсæддæттæ, амарынæй æртъхъирæн кæнынц
Президенттæм хæдбар кандидат Саломэ Зурабишвили хъусын кæны, цæмæй зæгъгæ йæм йæхи æмæ йæ хъæбултæм амарынæй æртъхъирæн кæнынц. Уый фæдыл Зурабишвили абоны брифингыл райхъусын кодта.
«Фæстаг бонты сæрмагондæй та,9,10 æмæ 11 ноябры, сæххæст мæ хъæбулты Теймуразы æмæ Кетеваны æмæ мехи æрдæм дæр, эсемес æмæ дзургæ хъусинæгтæ, кæцыты мидæг бæлвырдæй дзырдæуы мæ цардмæ æртъхъирæн. Дырысæй æндæр æмæ æндæрхуызæн æлгъыстæй не ртæйы рдæм дæр айзæлдис ныхæстæ «агæрах уæ кæндзынæн, уæ туг уын баназдзынæн», – райхъусын кодта Зурабишвили.
Афтæдæр йæ ныхæстæм гæсгæ, æртъхъирæн у реалон æмæ автортæ сты «Националон Змæлдимæ» баст раздæры æфсæддæттæ.
«Æртъхъирæн реалон у, уымæн æмæ автортæ идентифициргонд сты, раздæры æфсæддæттæ. Се ртæ дæр, се статустæй рацæугæйæ баст сты «Националон Змæлдимæ» æмæ йæ сæргълæуджытимæ.