Саломэ Зурабишвили - кæд алчи хайад райсдзыстæм процессы æмæ нæхи аиуварс кæндзыстæм  рæдыдтытæй, уæд æнæмæнгæй  фендзыстæм, куыд фæцæуынц уырыссаг базæтæ Гудаутайæ æмæ Цхинвалæй
Саломэ Зурабишвили - кæд алчи хайад райсдзыстæм процессы æмæ нæхи аиуварс кæндзыстæм рæдыдтытæй, уæд æнæмæнгæй фендзыстæм, куыд фæцæуынц уырыссаг базæтæ Гудаутайæ æмæ Цхинвалæй

Хъæуы нæ медиаци, Евроцæдисы  æххуыс,  цы уæ  фæнды афтæ  йæ  схонут, уыцы  хъуыддаджы, цæмæй фæстæмæ  ссиу уа нæ бæстæ, – уый фæдыл  Гуырдзыстоны президент, Саломэ Зурабишвили Батумы, «Скæсæн партнерады»  10 азы  сæрмæ  нывонд  конференцийыл   райхъусын кодта.

«Нæ куыст,  кæцы æххæст  цæуы  нæ   хицауады,  кæнæ  æхсæнадæмон аренæйыл,   протесттæ   сбæлвырд кодтой,   цæмæй æгъгъæд нæу. Гуырдзыстон у сабырадон  бæстæ, кæцы  никуы   иунæг æндæр  бæстæмæ дæр нæ бабырста.  Уый дарддæр кæны уырыссаг туристтæн   ахуыр  уазæгуарзондзинадæй  фысым кæнын æмæ уый æппæт  æнæкæсгæ 2008  азы   хæстмæ.  Фæнды нæ, оккупацийы  фарста аскуыддзаг уа  сабырæй,  дипломативон  къаналты  æмæ  фæндæгты  фæрцы.  Æнæкæсгæ алцæмæ,  демокративон, сабырадон, стабилон æмæ европаг – мæнæ ахæм стæм мах, куыд бæстæ,  куыд паддзахад.  Уæрæсеимæ сноггонд æндыгъдад амоны,  цæмæй  уæвæг статус-кво нæрайсгæ у  æмæ  не ххуыыс кæны дæргъвæтин стабилондзинадæн», – банысан кодта Саломэ Зурабишвили.

Йæ  ныхæстæм гæсгæ, æнæмæнгхъæугæ у  деескалаци, Женевæйы  бадзырдты  сног кæныны æмæ фылдæр активонæй  ауадзын.

«Уырнæг  стæм, цæмæй Европæ  хъуамæ уа, активонæй дæр баст,  цæмæй   йæ къух сараза  æмæ баххуыс кæна нæ Европæйы фæндагыл  змæлдæн.  Гуырдзыстон ма  хъуамæ агура   цыдæр псевдоисторион адæймæгты уый тыххæй,  цæмæй сбæлвырд кæна  йæхи, уымæн æмæ æцæгæй дæр тынг стыр историйы æмæ  тынг стыр фæндаджы  хицау у.  Мах никуы  хæлдтам  иунæг бæстæйы арæн дæр,  никуы  балæбурттам искæцы нацимæ.  2005 азы, бадзырдты фæстиуæгæн федтам, цæмæй Батумæй   ацыд уырыссаг  нау,  кæцы аласта  уырыссаг  хотыхтæ.  Уырнæг дæн, цæмæй,  кæд алчи   хайад райсдзыстæм, кæд нæхи аиуварс кæндзыстæм  рæдыдтытæй, уæд æнæмæнгæй  фендзыстæм, цæмæй  уырыссаг æфсæддон базæтæ ацæудзысты Гудаутайæ æмæ Цхинвалы регионæй.  Сау Денджызы регионы  стабилондзинад  у афтæ аргъджын æмæ нысаниуæгджын европæйæе, куыд Гуырдзыстонæн æмæ  нæ сыхæгтæн алкæмæн.  Алчи иумæ хъуамæ  кусиггам ацы  фарстатыл,  алкæй дæр хъæуы   не стабилондзинад. Хъæуы нæ медиаци, Евроцæдисы æххуыс, фарсхæцынад,  куыд уæ фæнды,  афтæ  йæ схонут, уыцы   хъуыддаджы, цæмæй  нæ бæстæ фæстæмæ  ссиу уа.  Хъæуы нæ евроэнтузиазм, цæмæй  Европæйæн дæр раттæм  ног  уагхаст, уе ххуыс  нæ хъæуы, цæмæй   рацæуæм ацы  вазыгджын  политикъон æмæ  экономикон  реформæтæ, цæмæй  бахæццæ уæм уыцы  ранмæ,  кæцæй дæр стæм,  цæмæй   сымахимæ иумæ  æххæстæй  уæм Евроцæдисы интегриргонд», – райхъусын кодта Саломэ Зурабишвили.