Саломэ Зурабишвили  ИНО-йы  генералон ассамблейы  хайадисджыты раз дзырдæй ралæудзæн
Саломэ Зурабишвили ИНО-йы генералон ассамблейы хайадисджыты раз дзырдæй ралæудзæн

Гуырдзыстоны президент  Саломэ Зурабишвили  Нью-Йоркы   ИНО-йы   генералон  ассамблейы   хайадисджытæм дзырдæй абон баздæхдзæн.

Гуырдзыстоны  президенты  администрацийы  хъусын кæнынц,  цæмæй  ИНО-йы  генералон ассамблейы  74-æм сессийыл   Саломэ Зурабишвилийы  дзырдæй  ралæуд, Тбилисы рæстæгæй 19:00-20:30  сахатты    у плангонд.

Саломэ Зурабишвили  дунейы  100-йæ фылдæр  бæстæйы  лидермæ сессийыл  генералон дебатты  рæстæджы баздæхдзæн.  Ацы  аз генералон   дебатты  сæйраг темæ  у мæгуырдзинадыл фæтыхуын, хæрзхъæд  ахуырад,  климаты æрдæм ног  архæйдтыты  æмæ  инклюзийы  тыххæй  бирæфарсон  тыхархайды  мобилизаци скæнын.

Саломэ Зурабишвили  2013 азы фæстæ  фыццаг президент уыдзæн,  кæцы Гуырдзыстонæй   ИНО-йы   трибунæ  бацахсдзæн.

Гуырдзыстоны  Фыццаг Къаналы  журналист Нью-Йоркæй  куыд хъусын кæны,  афтæмæй,   ныридæгæн  бæрæг у, цæмæй  дунейы  лидертæм Саломэ Зурабишвили  англисаг æвзагыл  баздæхдзæн. Гуырдзиаг делегацийы  информацийæ,  сидты  сæйраг темæ уыдзæн,  оккупаци, территорион æнæхъæндзинады  ногæй  рацаразыны  фæндæгты бацагуырд  æмæ  змæлгæ  оккупаци  бауромынæн æхсæнадæмон  æмгарады  роль.

Оккупаци, фæстаг дыууæ боны   дæргъы  ИНО-йы   генералон   ассамблейы   74-æм сессийы   фæлгæтты  уагъд  уыцы  дыууæфарсон  æмæ бирæфарсон   фембæлдты  сæйраг темæ у, кæцыйы  Гуырдзыстоны президент  æмæ  гуырдзиаг делегацийы   уæнгтæ   Ино-йы  штаб-хæдзары  аразынц.  Фæстаг фембæлдтæ  сырæзт  Хъазахстаны, Гватемалайы  президенттимæ,   ИНО-йы   генералон нымæрдаримæ,   Антонио Гутиереимæ æмæ Евроцæдисы   президент,  Дональд Тускъимæ.  Гуырдзыстоны  фæсарæн хъуыддæгты  министры  Давит Залкалианийы  фидиуæнæй,   гуырдзиаг фарс зæгъгæ,  агуры  ног фæндæгтæ æмæ  бирæ эффективон дæр  фæрæзтæ оккупацион процесстæ  бауромынæн.

Знон Саломэ Зурабишвили ИНО-йы  генералон  ассамблейы   74-æм сессийы   генералон дебатты  байгомы  райста хайад.