Саломэ Зурабишвили  ИНО-йы   генералон ассамблейы   74-æм сессийы мадзалмæ абонæй  баиу  уыдзæн
Саломэ Зурабишвили ИНО-йы генералон ассамблейы 74-æм сессийы мадзалмæ абонæй баиу уыдзæн

Гуырдзыстоны президент   Саломэ Зурабишвили  Нью-Йоркы, Ино-йы   генералон  ассамблейы  74-æм  сессийы  мадзалмæ абонæй баиу  уыдзæн.

Саломэ Зурабишвили,  нырид,  АИШ-ы  уæвы.  ИНО-йы  трибунæйæ  уый   дунейы раз,   æртыццæджы  25-æм сентябры ралæудзæн. Генералон  дебатты  рæстæджы Гуырдзыстоны  президент  дуней 200-ы онг бæстæйы лидермæ баздæхдзæн.  Генералон дебатты рæстæджы   Саломэ Зурабишвилийы дзырдæй  ралæуд  Тбилисы   рæстæгæй   20:00-æй – 21:00  сахаты онг  афонмæ  у плангонд.

Уæдмæ та Гуырдзыстоны преиздент   фембæлд  сараздзæн  фæсарæйнаг  коллегæтимæ.   Дзырдæй ралæудзæн  сессийы  сæйраг саммиттыл æмæ   бæрзонд æмвæзады  фембæлдтыл.Сæ нымæцы  фыццаг уыдзæн  абонмæ плангонд  универсалон  æнæнизхъахъхъæды  фебæлд,  кæцы  уагъд у  дунейы  æппæтадæмон  æнæнизхъахъхъæд ифтонгады нысанæй.

Гуырдзыстоны  президент  ИНО-йы   генералон ассамблейы  сессийы  хайадисджытæн скад кæнынæн,  Дональд Трампы æмæ фыццаг ледийы  номæй,   уагъд официалон  райстыл уыдзæн.