Саломэ Зурабишвили Иашвили номыл клиникæмæ  стынды фæстиуæгæн фæцæфуæвджыты бæрæгдзау бацыд
Саломэ Зурабишвили Иашвили номыл клиникæмæ стынды фæстиуæгæн фæцæфуæвджыты бæрæгдзау бацыд

Гуырдзыстоны  президент  Саломэ Зурадишвили   Иашвилийы номыл  клиникæмæ  бацыд, цы ран  абон Тбилисы  стынды  фæстиуæгæн зианбаййафджыты  бабæрæг кодта.

Фыццаг Къаналы  информацийæ,   клингикæмæ бацæудзæн  Гуырдызстоны премьер-минстр мамука Бахтадзе дæр.

Диди Дигъомийы  срæмыгъды фæстиуæгæн  æртæ адæймаг фæхъуыд. Ис дзы  зиангондтæ  дæр. Уæвæг информацийæ,   фæцæф ис  фондз адæймаг,  уыдонæй  æртæ  сывæллæттæ сты.

Æнæнизхъахъъæды министр куыд дзуры  афтæмæй, сывæллæтты æнæниздзинады уавæр  уæззау  нæу æмæ сæ  цардмæ  зæгъгæ  ницы  тас  æртъхъирæн кæны.  Диди Дигоъмийы корпусæй кæцыйы  стынд æрцыд, сæххæст ис цæрджыты эвакуаци.

Уæвæг информацийæ,  гæнæн ис  стынд æрцыд  газы рахъарыны  тыххæй,  иуæй-иу  цæрæн корпусы  æхсæзæм   уæладзыгыл. Бынатыл   уæлвæтк уавæрты  фæткдар куысты  минæвæрттæ   кусынц.