Саломэ Зурабишвили -  Гуырдзыстоны нырид 30 аздзыд, æххæстаздзыд  паддзахад æмæ   афон у,  ацы   æрыгонон  тохæмбæлдтæ ныууадзæм, ахизæм асджын политикæмæ, ног политикæмæ
Саломэ Зурабишвили - Гуырдзыстоны нырид 30 аздзыд, æххæстаздзыд паддзахад æмæ афон у, ацы æрыгонон тохæмбæлдтæ ныууадзæм, ахизæм асджын политикæмæ, ног политикæмæ

Нырид нæ падздахад у   30 аздзыд, æххæстаздзыд  паддзахад æмæ   афон у,  ацы   æрыгонон  тохæмбæлдтæ ныууадзæм,  ахизæм асджын политикæмæ, ног политикæмæ – уый фæдыл  Гуырдзыстоны президент, Саломэ Зурабишвили, Орбелианиты галуаны  райхъусын кодта, цы ран  партиты минæвæрттимæ  уадзы  ногазы агъоммæ фембæлд.

«Æцæг у, цæмæй  тынг бирæ  фæзынд уыд  æмæ рацыдыстæм  тынг  вазынгджын процесстæ, кæцыты кæд практиконæй нæ, уæд   цыдæр уæлвæтк  периодты  иууыл уыдис быцæудзинад, иууыл уыд  цавæрдæр  дыууæ фарсы æмæ  фылдæр та уыд  æмбæстагон  быцæудзинад.  Адæттæ  рацыдыстæм æмæ сæ нæ фæстæ фæуагъдтам, цы зонæм  æмæ   мæнмæ гæсгæйæ,   никæйуал фæнды, уыдæттæ фæлхатгæ  фенын  ацы  бæстæйы.  Ацы  ивгъуыды сыфтæртæ, кæцытæ  иумæ   рафæлдæхтам абоны онг,  уыцы  сыфтæртæ сты,  кæцы нын  абон æмбондау сты нæ разы» –  райхъусын кодта Саломэ Зурабишвили.

Афтæма йæ  дзырдæй, зæгъгæ, дзыллæ  æнæрмæст бафæлад, фæлæ ма  фырфæллад дæр у.

«Алы æрдгæй нæ хъустыл уайы, ома  тынг уæззау  уавæр у,  кæцыйы  ис  алчидæр,  бафæразæн  йын нæй   алкæмæндæр, уымæй  уæлдай ма  ис  ковид, социалон аууæлттæ æмæ практиконæй бæстæйы  нал ис  ницæй перспективæ  кæдæм хъуамæ ацæуæм.  Уый æрсабыр кæнын  хæъуы, мах та  æркæсæм сæйраг фарстатæ, кæцытæ кæцыфæнды бæстæйы у сæйраг,  мид  рæзынад, ацы мæгуырдзинад кæрон скæнын, æхсæнады баиу кæнын,  алцыппæт  у дих, фæнды  аргъуаны дæр  дих сты.  Кæдæрынмæ  ис  гæнæн  афтæ æмæ нæ  кæдæм  бакæндзæн фæстагмæ.  Ацы рæстæджы ма уый дæр рахатыдыстæм, æмæ нæ рох кæны æддаг дуне, куыддæргомау  стæм дæлбар уавæры,  мидæгæй  кæсæм  алцæмæ æмæ  æддæйæ  та нæ алыварс, тынг хæстæг, цы цæуы, куыд  цæуы, цы  æртхъирæнтæ, цы фæдæттæ ис  уый рох кæнæм.  Афон уацы  уавæрæй нæхи райсæм  нæ  фæсивæды  тыххæй» –  райхъусын кодта Саломэ Зурабишвили.