Саломэ Зурабишвили- цæрджыты реакции  у тынг æрдзон, фæлæ уый æнхъæл нæ дæн, цæмæй   ацы æрдæм змæлд хъуамæ адарддæр кæнæм
Саломэ Зурабишвили- цæрджыты реакции у тынг æрдзон, фæлæ уый æнхъæл нæ дæн, цæмæй ацы æрдæм змæлд хъуамæ адарддæр кæнæм

Президент Саломэ Зурабишвили  протестон акцийы  хайадисджытæм æрсидтис  уавæры дээескалацимæ  – ахæ срæгондæй   публикации кæны   Гуырдзыстоны  преиздентимæ интервьюйы  «Евроньюс».

Телеуынынады   журналисты  фарстыл зæгъгæ,  æмбары æви нæ  президент, цы расайдта   протестон акцитæ,   Саломэ Зурабишвили  дзуапп деты, цæмæй   цæрдлжыты реакции уымæн диссаг нæу, æмæ  тынг æрдзон  у зæгъгæ.

«Мæ  хъуыдымæ  гæсгæ, цæрджыты реакции  у тынг æрдзон, фæлæ уый æнхъæл нæ дæн, цæмæй   ацы æрдæм змæлд хъуамæ адарддæр кæнæм.  Уый  цыдæриддæр   ацы  бæстæйæн хъæуы  сеппæтæй  фылдæр  у  сабырдзинад æмæ  мидæгон стабилондзинад, уымæн æмæ уый  у  реалон тых.  Уæрæсеимæ  политикон проблемæ  ис  æмæ алы  ныфс дары, цæмæй   иу бон  ацы  проблемæ  аскуыддзаг уыдзæн, фæлæ   ацы рæстæджы Гуырдзыстон  рæзы, лæууы раст фæнадыгл  Евроцæдисы æрдæмæ æмæ  уый  фылдæр нысаниуæгджын у» –  райхъусын кодта Саломэ Зурабишвили.

Цыдæриддæр та  змæстытæ  сцырын кæныны  Уæрæсейы æфсон фæкæныны тыххæй  йæ  хъуыдымæ æххæссы,  Гуырдзыстоны президент дзуры, цæмæй зæгъгæ  Гуырдзыстоны, æмæ æндæр бæстæты дæр  ис  дестабилизацийы  архæйдтытæ.

«Мæ хъуыдымæ гæсгæ,  ацы бæстæйы æмæ æндæр бæстæты  дæр ис  дестабилизацийы  архæйдтытæ.  Ай раст  уый у, кæцыйы  æрдæм тынг  сæрхызт æмæ  рагхынц  хъуамæ  уæм. Тынг æнцон у  ахæм бæстæйы  цæрджыты æнкъарæнтыл хъазын æмæ  ахæм  эмоцитæ  сцырын кæнын» – райхъусын кодта  Зурабишвили.