Саломэ Зурабишвили Белорусы  журналисты æрцахсты кой  кæны
Саломэ Зурабишвили Белорусы журналисты æрцахсты кой кæны

Гуырдзыстоны президент  Саломэ Зурабишвили  Минскы  «райанэары»  Афинæтæ-Вильнюсы   рейсы тыхыбын сбадын кæныны  æмæ   оппозици ахастдарæг  журналисты, Роман Протасевичы æрцахсты кой кæны  социалон хызаг «Твиттеры».

«Нæрайсгæ  у «Райанэары»  рейсы  тыхыбын сбадын кæнын Белорусы æмæ  журналисты æрцахсын.   Уымæй  хæлд цæуы  бирæ æхсæнадæмон нормæ,  кæцыты ницæмæ æрдарын  гæнæн нæй» –  хъусын кæны  Сломэ Зурабишвили.

Минскы оппозицион  ахастдарæг журналист Роман Протасевичы  23  майы  æрцахстой.  Уыйы Белорусы хицауад аххосджын кæны  массон змæстытæ  организацидзинады.

Протасевич  авиакомпани «Райянэары»  хæдтæхæгæй  Афинæтæй  Вильнюсмæ фæцæйтахтис, фæлæ борты рæмудзæн  гарзæгы  фæдыл  хъусинагы  тыххæй,   хæдтæхæг  аварионæй   сбадтис  Минскы аэропорты, цы ран  уыйы  барадхъахъъхæнджытæ æрцахстой. Йæхæдæг Роман Протасевич  рейсы размæ  хъусын кодта, цæмæй аэропорты   йыл цыдис цæстдард  æмæ  йæ паспорт æмæ документтæн къам айсын дæр архайдтой.

Роман Протасевичмæ  Белорусы  15 азы онг ахстæй  æфхæрд æртъхъирæн кæны.