Саломэ Зурабишвили Августы хæсты 11-æм азысæрмæ гæсгæ публикаци кæны сидт - Оккупацийæн  нæ  дзуапп у – Нæй
Саломэ Зурабишвили Августы хæсты 11-æм азысæрмæ гæсгæ публикаци кæны сидт - Оккупацийæн нæ дзуапп у – Нæй

Гуырдзыстоны президент Саломэ Зурабишвили  2008 азы  августы хæстæй 11-æм азы сæрмæ  гæсгæ  публикаци кæны  сидт,  кæцыйы  уын æнхъарæм æнæивгæйæ:

«Абон 11  аз сæххæст  Уæрæсе-Гуырдзыстоны хæстæй.

2008 азы  хæст гуырдзиаг дзыллæйæн у  æнæсхогæнгæ хъæдгом.  Хъæдгом у уыцы  ныйарджытæн, кæцытæн ацы хæст сæ хъæбулты  цард ахаста  æмæ уыцы хъæбултæн, кæцытæ  ацы  хæсты  фæстиуæгæн  æнæфыдæй  хъомыл кæнынц.

Куыд сйæраг камандыгæнæг,  куыд мад  æмæ  ацы бæстæйы иуæй-иу  хуымæтæгæ æмбæстаг, мæ сæр гуыбыр кæнын  нæ  хъайтарты  рухс нæмтты раз.

Хæст у  хъæдгом  уыцы адæймæгтæн, кæцыты   туг,  зæхх, фыдæлты ингæн, кувæндæттæ баззадысты оккупацигонд территорийыл.  Ацы рысты  æмæ æрвылбойнон  æфхæрдмæ æнæкæсгæ,  уыдон   æхсарджынæй дарддæр кæнынц  дихгæнæг  хаххы  цур  цард. Нæхи æмæ мæхи хæс  у уыдонæн сæ фарсмæ лæууын, æмæ сын сæ  æдасдзинадыл аудын.

Оккупацийæн  нæ  дзуапп у –  домд цæуынæн нæй!

Мах не æрфидаудзыстæм  нæдæр Галы æмæ нæдæр Ахалгорийы  гуырдзиæгты  барты  æфхæрдимæ, нæдæр нæ  ирон æмæ   абхазаг æмбæстæгты  бауынгæгимæ æмæ  нæдæр  се взаджы  æмæ идентондзинад  æфхæрынимæ.

Оккупацийæн нæ дзуап  афтæдæр у –  политикъон æмæ экономикон  хъæддыхдзинад,  рæзынады фæндæгтæ  дарддæр кæнын. Хæст  æмæ оккупаци нæ, нæ  къурсæй  кæй нæ  аиуварс кодтон …  раст уый мидæг ис сæрмагондæй  егъау тых!

Домд не рцæуын нысан кæны  ныфс æмæ  нысан мафесафын.

2005 азы  куыд сфæрæзтам  уырыссаг æфсæддон  базæты сабырадонæй   аддæдуар кæнын  Гуырдзыстонæй,  уырны мæ, цæмæй раст афтæ  бахъом  уыдзыстæм  оккупацийы  кæрон скæнын æмæ  ног  ахастытæ  райдайын.  Германийы  дæнц нын æвдисы, цæмæй  иудадзыг а дунейыл ницы  ис,   æнæныфс ахаст абырсын кæддæриддæр ис гæнæн.

Хъуамæ бахъом  уæм  нæ   партнерты  мобилизаци скæнын,  цæмæй  конфликтты  аскуыддзаг суа, куыд нæхи, афтæ  сæ приоритет уыдонæн дæр.  Ацы амбицийы  æввахс  фидæны  æз айзæлын кæндзынæн ИНО-ы бæрзонддæр трибунæйæ.

Гуырдзиæгты  ныфссастæй  нæ  зонынц, уый тыххæй  нæ хъуамæ  уырна, цæмæй  æрлæудзæн афон  æмæ Уæрæсейы  дæр бауырндзæн, цæмæй  хæст, оккупаци, паддзахадон  арæнты ницæмæ дард, хъуамæ   баззайæнт ивгъуыды.  Абоны дунейы, цы ран бирæ глобалон   тас æмæ быцæусидт нæм æртъхъирæн кæны  алкæмæ,  стабилондзинад  æнæмæнгхъæугæ у!  Æнæ æрмæст махæн,  куыд чысыл  бæстæйæн, фæлæ ма  кæцыфæнды бæстæйæн, кæд  рæзынады æмæ  сæрмагонд  адæмы  фарныл  сагъæс кæнынц уæд.

Мæныл æвæрд у  егъау  бæрн: ма руадзон  уый,  кæцы Гуырдзыстоны  паддзахаддзинадæн  саразæн тас,  максималонæй  нæхи аиуварс кæнæм  провокацитæй. Ацы рæстæджы  æнæмæнгхъæугæ у не  æфсады  иргъæфхъомад   райрæзын кæнын,  цæмæй  хæсты трагеди  макуы уал  сфæлхатт уа, хъахъъхæд  æмбæстаг  размæ  кæса  æмæ  хъахъхæд  территори  стабилон  рæзынады  бындур дæтта.  Нæ фидардзинад  никæй ныхмæ у  æмæ  нæдæр искæмæ  æртъхъирæн кæны. Уымæй  дарддæр, нæ  сабырадон политикъæ у хъæддых æмæ æнæфæцудгæ.

Уæвæг  конфликтты сабырадонæй   аскуыддзагæн сеппæтæй фидар гарз у нæ иудзинад. Уый тыххæй дæр æз дæн  æмæ уыдзынæн  сæйраг тохгæнæг æхсæнадон  æмуддзинадмæ бахæссынæн.

Гуырдзиаг дзыллæйы  разыдзинад  куы нæ  уа, уæд  нæ  уыдзæн гæнæн хæстæй   травмиргонд æмæ дихгонд ирон æмæ абхазаг фæсивæдимæ  бафидауын.  Ай та у  иунæг   фæндаг бæстæйы  фæстагмæ сæнæхъæн кæнынæн.

Мах алчи хъуамæ  фæтых уæм  хæсты  фæдыл  нæ  хъуыдыты.  Ивгъуыды  фæлтæрд  скæнæм фæтыхджындæры   бындурæй.  Ориентиргонд уæм  фидæныл.

Алы цæсгомджын бæстæ æмæ дзыллæ  хæсты  фарстайы  алварс  баиу вæййынц. Хæсты  фарста ма хъуамæ  уа дзыллæйы  поляризацийы  æмæ ныддих кæныны   бындур, фæлæ  хъуамæ  уа  цы  ссиу  кæндзæн уый.

Уый тыххæй та  æнæмæнгхъæугæ у, фæтых уæм фыдзæрдæдзинадыл,  сбæрзонддæр кæнæм культурæйы  æмвæзад  æмæ  паддзахадон зонынад.

Æрмæстдæр иудзинад у паддзахады  фидæныл æмæ йæ фæстагмæ  ссиу кæныны разæууæл»,- дзырдæуы   Гуырдызстоны президент, Саломэ Зурабишвилийы   сидты.