Саломэ Зурабишвили -  Ангела Меркел æрымысыд, оккупацион хаххы  цур куы уыд æмæ куыд уæззау зæрдæйæ рацыд  уырдгæй
Саломэ Зурабишвили - Ангела Меркел æрымысыд, оккупацион хаххы цур куы уыд æмæ куыд уæззау зæрдæйæ рацыд уырдгæй

Афон æрцыд, нæ партнертæй  фылдæр æркурæм  æмæ  уыдон  спайда кæной  цы мæцъистæ  сæм ис  уыдонæй –  уый фæдыл Гуырдзыстоны президент Саломэ Зурабишвили, Германийы  канцлер Ангела Меркелимæ  фембæлды фæстæ  райхъусын кодта.

Йæ ныхæстæм гæсгæ,  Германийы  канцлерæн зæгъгæ,  загъта  цæмæй  Гуырдзыстоны  ныгуылæйнаг партнертæ хъуамæ  бандавой  Уæрæсемæ, цæмæй  ацы  фæстаг  йæ позицитæ  фæива.

«Æркастыстæм  оккупацигонд Гуырдзыстоны  территоритыл  уæвæг уавæр  æмæ  уырыссаг политикъæ. ЙÆхæдæг æрымысыд  цæмæй   уыдис оккупацион хаххы  цур  æмæ уырдгæй  тынг уæззау  зæрдæйæ  рацыд.  Æз ын  загхтон, цæмæй  махмæ, ацы  уавæрæй  рацæуынæн  хъæугæ инструменттæ нæй æмæ  баст стæм нæ  хæлæрттыл,  кæцытæ  нын нæ фарс хæцынц,  цæмæй  сæхæдæг исты  амæлттæй  бандавой  Уæрæсемæ, æмæ Уæрæсе  йæ позицитæ фæива» –   банысан кодта Саломэ Зурабишвили.

Афтæдæр йæ ныхæстæм гæсгæ,   абоны  уавæрæй,   Женевæйы   æхсæнадæмон бадзырдты  формат  техникъон  æмвæзады  онг  æрцыд.

«Махæн Женевæ  æнæивгæ у,  уымæн æмæ æндæр æхсæнадæмон формат  нæм нæй, фæлæ афон æрцыд, нæ партнертæй  фылдæр æркурæм æмæ уыдон спайда кæнæт  цы  мæцъистæ  сæм ис  уыдонæй. Мах аразæм  цы нæ бон у  уый, фæлæ нæ хъæуы  фылдæр» –   райхъусын кодта Саломэ Зурабишвили.