Саломэ Зурабишвили – «Аккаг Партнер  2020» ахуыры роль Гуырдзыстоны  иргъæфхъомад фæтыхджындæр кæнынæн иттæг нысаниуæгджын у
Саломэ Зурабишвили – «Аккаг Партнер 2020» ахуыры роль Гуырдзыстоны иргъæфхъомад фæтыхджындæр кæнынæн иттæг нысаниуæгджын у

Гуырдзыстоны  президент Саломэ Зурабишвили  «Аккаг Партнер 2020»  ахуырæй   райгонддзинад æвдисы.

«Райгонд дæн   бирæнацион  ахуыр «Аккаг Партнер  2020»-æй   кæцыйы  Гуырдзыстоны  хъахъъхæнынады  тыхтимæ иумæ  хайад исынц  НАТО-йы  цыппар  бæстæйы, АИШ, Стыр Британийы, Францы  æмæ   Польшæйы  минæвæрттæ.

Иттæг нысаниуæгджын  у  ацы æхсæнадæмон  ахуырты  роль  Гуырдзыстоны  иргъæфхъомад  фæтыхджындæр кæнынæн æмæ Евро-атлантикон  интеграцийы  æрдæм,  кæцыйæ æппæтыфæстаг нысан у   стабилондзинады æмæ  сабырад  фæфидар кæнын», – хъусын кæны Саломэ Зурабишвили.

«Аккаг  Партнер 2020»  официалонæй  абон байгом ис.