Саломэ Зурабишвили – Æфсымæрты тохы уæлахизгонд нæ вæййы, æмæ æнтыстмæ æрцæуын æрмæстдæр иумæйаг тыхайрхайдæй ис гæнæн
Саломэ Зурабишвили – Æфсымæрты тохы уæлахизгонд нæ вæййы, æмæ æнтыстмæ æрцæуын æрмæстдæр иумæйаг тыхайрхайдæй ис гæнæн

Æфсымæрты æхсæн  тохы  уæлахизгонд нæ вæййы æмæ  æнтыстмæ  æрцæуын æрмæст иумæйаг тыхтæй ис гæнæн –  уый фæдыл Гуырдзыстоны президент Саломэ Зурабишвили, Сухумы басастæй 27-æм азысæрмæ  гæсгæ  райхъусын кодта.

« Рацæугæ  азтæ  нын   дырысæй равдыстой, цæмæй  знагæй  дарддæр,  æфсымæрты æхсæн тохæй  уæлахизгонд нæ вæййы æмæ æнтыстмæ æрцæуын гæнæн ис æрмæстдæр иумæйаг тыхтæй.  Куыд абхазæгтæ афтæ Гуырдзыстоны  алы  æндæр  æмбæстæгтæ  хъуамæ бамбарæм,  цæмæй  æрмæстдæр иумæйаг  æмæ иугонд  тыхархайдæй  бафæраздзыстæм  ивгъуыды хъæдгæмттæн схос кæнын  æмæ нæ фидæн  фæлтæртæн, рухс фидæны  бындур æрвæрын» – банысан кодта  президент Сухумы басасты боны тыххæй.

Афтæма  абон президенты уынаффæгæнджытæ   конфликтты  æмæ хъахъхъæнынады æмæ æдасдзинады фарстаты  Гуырдзыстоны  иудзинадæн æмæ  хæдбарадæн  тохы  мард   хæцджыты  мемориалмæ дидингуытæ бахастой.