Саломэ Зурабишвили - Ацы тырысайы бын лæууы нæ бæстæйы  хæдбардзинад, йæ  сæрибардзинад æмæ  махæн  аргъджын  цы у уый æппæт
Саломэ Зурабишвили - Ацы тырысайы бын лæууы нæ бæстæйы хæдбардзинад, йæ сæрибардзинад æмæ махæн аргъджын цы у уый æппæт

Тырысайы бын   лæууы нæ  бæстæйы  хæдбардзинад, йæ  сæрибардзинад  æмæ   алцыппæт,  цыдæриддæр махæн  аргъджын у – уый фæдыл  Гуырдзыстоны президент  Саломэ Зурабишвили  Атонелийы  резиденцийы   райхъусын кодта,   цы ран  паддзахадон  тырысай бонмæ гæсгæ  бæрæгбонон мадзал ацыд.

Уыйимæ иумæ  ма, президент  скъолайы  ахуыргæнинæгтæн  сфысым кодта  æмæ  тырысайы  нысаниуæгы  тыххæй  радзырдта.  Сæххæст ис  паддзахадон гимн, кæцыйы  сæххæст кодта  хъахъхъæнынады министрады оркестр.

«Фæнды мæ алкæмæн уын раарфæ кæнон паддзахадон тырысайы  бон.  Ацы бон бæрæгбон уымæй  у æмæ фыццаг Орбелианиты  галуаны сæрты  æрцыд тыгъд  паддзахадон тырыса.  Уымæй  тынг амондджын дæн.  Паддзахадон тырыса у иттæг нысаниуæгджын æмæ æз  дæн  тынг  амондджын, уый фæдыл фæсивæдимæ  кæй  ныхас кæнын  уымæй, уымæн æмæ ацы  тырыса  у  фидæны  тырыса.  Уый у нæ историон тырыса, кæцы  паддзахадæн, нацийæн у   йæ  æппæт историйы  æвдисæг.  Бирæ тырысаты бын  хæцыдысты  гуырдзиæгтæ. Æз мæхæдæг схъомыл дæн  æртæхуызджын  тырысайы бын  фæсарæнты,  уымæн паддзахадон тырысайы  нысаниуæг куы нæ  уыдис  æмæ  мах та бæллыдыстæм, уыцы бонмæ  Гуырдзыстонмæ  паддзахадон тырыса куы  уыдаит.  Ацы тырыса  у нæ паддзахадон тырыса. Хъуамæ йын скад кæнæм, уымæй кад уыдзæн нæ паддзахадæн дæр. Кæм фæндыдæр  уæм фидæны, ацы тырысайы  бын,  хъуамæ  уæхи нæмайат Гуырдзыстоны  минæвæрттæй.  Уæхи афтæ хъуамæ дарат,  ацы  тырысамæ  куыд æмбæлы афтæ.  Ацы тырыса хъаххъæнынц   не æфсæддæттæ ам  æмæ  фæсарæнты дæр, нæ арæнхъахъхъæнджытæ, æмбæстæгтæ,  кæцытæ  цæрынц  оккупацион хаххыл. Уымæн кад кæнынц нæ спортсментæ. Ацы тырысайы бын  хæссæм нæ культурæ, кæцы у  нæ хæзна æмæ  кæцыйыл  ауæрдын хъæуы. Ацы тырысайы бын лæууы нæ бæстæйы  хæдбардзинад, йæ  сæрибардзинад æмæ  махæн  аргъджын  цы  у  уый  æппæт», –  баздæхтис  Гуырдзыстоны президент Саломэ Зурабишвили   Орбелианиты  галуаны æрымбырдуæвæг  ахуыргæнинæгтæм.