Саломэ Зурабишвили -  абоны трагедийы тыххæй  бæрн æвæрд цæуы  оккупацион режимыл
Саломэ Зурабишвили - абоны трагедийы тыххæй бæрн æвæрд цæуы оккупацион режимыл

Нæрайсгæ у сæрибарæй  змæлдыл  оккупацион  режимы æрдгæй тобæтæ  фидар кæнын, кæцы гуырымыхъхъ халы адæймаджы бартæ æмæ сæ  ницæмæ дары, – уый фæдыл  Гуырдзыстоны президент  Саломэ Зурабишвилийы  фидиуæны мидæг дзырдæуы.

«Фæдисон у  уый  амæттаг  куы ссис   æнаххос æмæ  сабыр цæрджыты цард, кæцы  оккупацигонд Абхазы  сырæзт уæззау  гуманитарон  кризисæй  сæвзæргæ зындзинæдтыл фæтыхуын архайынц.

Абоны трагедийыл  æххæстæй  бæрн æвæрд у  оккупацион режимыл.

Æмæнкъард æвдисын æмæ тæфæрфæс кæнын  фæмардуæвджыты бинонтæн», –  дзырдæуы   Гуырдзыстоны президенты  фидиуæны.

Хъæу  Шамгонайы  цур  ирвæзынгæнджытæ цæугæдон Ингурæй  систой  æртæ мардыбуар.  Ноджы ма дарддæр кæны   иу  адæймагы  агуырæн-ирвæзынгæнæн амæлттæ.  Уæвæг информацийæ,   æмбæстæгтæ  оккупацигонд  хъæу Тагилонæй  Шамгонамæ, цæугæдон Ингуры  уылты  рахизын архайдтой.