Сакстат – январ-сентябры Гуырдзыстонæн ставддæр экспортон бæстæ уыд Китай, сегасдæр егъау импортер та Турк
Сакстат – январ-сентябры Гуырдзыстонæн ставддæр экспортон бæстæ уыд Китай, сегасдæр егъау импортер та Турк

Январ-Сентябры  дæс  сегасдæр ставд   экспортон  бæстæйы  хай Гуырдзыстоны  æмтгæйон  экспорты  76,9  процентмæ аххæссыд.  Гуырдзыстоны  æддæ базарады  фæдыл  развæлгъау  бæрæггæнæнтæ  публикаци кæны  Сакстат.

Сакстаты хъусинагæй, экспорты æрдгæй æртæ ставддæр бæстæйы æхсæн – 355,3  АИШ долларæй  фыццаг бынат ахсы   Китай, дыккаг бынатыл  Азербайджан – 327,9 млн АИШ долларæй,  æрмæст  æртыккаг бынатыл та Уæрæсе –  308,6  млн АИШ долларæй.

Уыйимæ иумæ  развæлгъау  бæрæггæнæнтæй, январ-сентябры   дæс  ставддæр  импортон  партнер бæстæйы  хай, Гуырдзыстоны  æмтгæйон  импорты  69,8 %  уыд.  Фыццаг æртæ  бынат афтæ райуæрст сты: Турк – 981,6 млн АИШ долларæй, Уæрæсе – 626 млн  АИШ долларæй  æмæ Китай – 509,6 млн АИШ  долларæй.

Статистикæйы националон  куысты   развæлгъау  информацийæ,   цæугæ азы  январ-сентябры   дæс   ставд  базарадон  партнер  бæстæйы  хай, Гуырдзыстоны  æмтгæйон  æддæ базарадон зилдухы, 70, 4  процент   уыд. Бæстæйы   ставддæр   базарадон   партнертæ сты  – Турк – 1 124.4 млн АИШ долларæй, Уæрæсе – 934,6  млн АИШ долларæй æмæ Китай  – 864,9 млн АИШ долларæй.