Сакстат – æхсæз мæйы Гуырдзыстоны райгуырд 21  839 сывæллон
Сакстат – æхсæз мæйы Гуырдзыстоны райгуырд 21 839 сывæллон

2021  азы январ-июны Гуырдзыстоны райгуырд 21 839 сывæллон, æрмæст  уыцы рæстæджы  бæстæйы   амард 25 821 адæймаг – уый нымæцы  сты  ковидæй  фæмардуæвджытæ дæр.  Развæлгъау бæрæггæнæнтæ  публикаци кæны  Сакстат.

Уыимæ иумæ, Сакстаты информацийæ  2021  азы  фыццаг æрдæджы   æрдзæй  рæзт (хъауджыдæрдзинад удæгасæй гуырд æмæ  мардæй гуырдты  нымæцы æхсæн)  3 982  удгоймагæй фæбæраги.  Æрдзæй рæзты  æвæрццаг  бæрæггæнæн бæстæйы  æрмæст дыууæ  регионы сфиксир ис: Ачъарайы Автономион Республикæйы (717) æмæ Квемо Картлийы  (195).

2021 азы 6 мæйы  регистрацигонд уыд  къайады  9163  æмæ  фæхицæны та 4 675 цау.