Сахары тæрхондоны цур, Тбилисы централон  рынчындоны  директоры æмæ  ма клиникæйы  дохтыры фарсхæцæг акци  цæуы
Сахары тæрхондоны цур, Тбилисы централон рынчындоны директоры æмæ ма клиникæйы дохтыры фарсхæцæг акци цæуы

Сахары тæрхондоны цур,  дохтыртæ, Тбилисы централон  рынчындоны  директоры æмæ  уыцы  клиникæйы   дохтыры фарсхæцæг акци  аразынц.

Акцийыл ис дохьтыр Важа Гаприндашвили дæр, кæцы дзуры, цæмæй  зылынгæнæг фарсы  верси æнæбындур у  æмæ  ахæсттæм куысты  лицензи ис, фæлæ  нæ цух кæны  уыйдæр, æмæ гæнæн ис,  лицензий уа  æмгъуыдивгъуыд.

Акцийы хайадисджытæ  æрцахстуæвæг коллегæты  ссæрибар кæнын домынц.

Æрцахстуæвджыты адвокат  Саломэ  Джануашвили  куыд банысан кодта афтæмæй,   зæгъгæ иунæг бынудæр дæр нæй  ома зылынмæ лæвæрдты,  зылынджынтыл банымайын  æмæ уæлдай дæр сын стæрхон кæной  ахæст.

«Мæнмæ лæвæрд æрцыд   хъуыддаджы æрмæджытæ  æмæ сæ лæмбынæг бацахуыр кодтон.  Æрмæст  мын фидар кæны  хъуыды, цæмæй  ацы адæймæгты   архæйдты  абсолютонæй   нæй  ницы  фыдракæнд, иунæг стати æмæ  кæцыфæнды квалификацийæ,   цæмæй дæр бавдыст у  хъуыддаг.   Ницы бындур ис  сæ аххосджынтыл банымайын  æмæ уæлдай дæр сын стæрхон кæной  ахæст.  Сæрмагондæй  æфхæрæн  æмæ æнæбындур у  фæлывдмидзинадæй  зылын кæнын», –  райхъусын кодта адвокат.

Сахары тæрхондоны  абон «Тбилисы централон рынчындоны» директоры Гиорги Лобжанидзейы  æмæ  клиникæйы  дохтыр, Вахтанг Хъипианийæн  æфхæрды  мадзалыл  хъуамæ  стæрхон кæной.

Бакой уын кæндзыстæм, цæмæй  Тбилисы  прокуратурæйы фæдагур уагдоны  кусджытæ,  кусæн  бартæм уазалæнгасы,   кусæн æххæстбартæй  фыдвæнд  пайда кæныны фæрцы фæлывдмидзинады æмæ æнæзаконон  медицинон  куысты  фактыл,  тæрхонгæнæджы  уынаффæйыл æнцойæ,  «Тбилисы Централон рынчындоны»   диреткоры  Гиорги Лобжанидзейы  æмæ клиникæйы   дохтыр Вахтанг  Хъипианийы  æрцахстой.  Æнæзакъонон медицинон куысты фактыл  Магда Хочъолавайæн фæсаууонмæ   рахастæуыд  тæрхоныскуыд йæ  дзуаппмæ раттыны  фæдыл.