«Сакартвелос Варсквлавийы»  фæззыгон  сезоны  уæлахизгонд, Гуырдзыстоны номæй рацæудзæн  2020 азы  Евроуынынадыл
«Сакартвелос Варсквлавийы» фæззыгон сезоны уæлахизгонд, Гуырдзыстоны номæй рацæудзæн 2020 азы Евроуынынадыл

Æхсæнадæмон  музыкалон  мегапроект «Сакартвелос Варсквлавийы»  фæззыгон  сезоны  уæлахизгонд, Гуырдзыстоны номæй рацæудзæн  2020 азы  Евроуынынадыл.

«Сакартвелос Варсквлавийы» конкурсы  рагравзарæн  этап нырид райдыдта æмæ   ног стъалыты  агырд  æппæт бæстæйы масштабæй   цæуы.  Проект Гуырдзыстоны Фыццаг Кханалыл   октябрæй  æрыздæхдзæн.  «Сакартвелос Варсквлави»  райдайæг  æмæ фæлтæрд  музыкæ архайджыты хоны  стыр сценæмæ.

Евроуынынады   радæй  65-æм зарæджы конкурс 2020 азы  майы,   Нидерландты   ацæудзæн.   «Сакартвелос Варсквлавийы» уæлахизгондæн уыдзæн фадат,  сæрмагонд бæстæйы  номæй,  милуангай  кæсджыты  раз азара. Уый тыххæй  цæмæй суат  бæстæйы сæйраг музыкалон фæзынды хайадисæг,   равдисат сæрмагонд  фæрæзтæ æппæт  бæстæйæн,  бауат Гуырдзыстоны радон стъалы (Сакартвелос Варсквлави) æмæ  рацæуат Гуырдзыстоны  номæй  2020 азы  Евроуынынады  конкурсыл – хъъуамæ  æрбацæуат кастингмæ!

17-18 август; Тбили – Къоставайы №68, Гуырдзыстоны Фыццаг Къанал.

24 август; Кутаис – Табидзейы  №58, Закариа Палиашвилийы  номыл дыккæгæм музыкалон скъола.

25 август;  Батум – Абусеридзейы №11, Вахтанг  Чъабукианийы  номыл классикон балеты скъола.

30-31 август; Тбилис –  Къоставайы №68, Гуырдзыстоны Фыццаг Къанал.