«Сакартвелос Варсквлави»-йы, фыццаг туры дыууæ конкурсанты рацух кодтой [видео]

Мегапроект «Сакартвелос Варсквлави»-йæ,  фыццаг лайв-шоуйы рæстæджы  дыууæ конкурсанты рацух  кодтой.  Аутсайдерты æхсæн   уыдысты  Бесо Немсадзе,  Мариам  Къахелишвили æмæ Нини Цнобиладзе. Уыдонæй   хъæлæсты  сеппæтæй къаддæр  нымæц  райстой  Бесо Немсадзе æмæ Мариам Къахелишвили, æмæ  проектæй рацух  сты..

Евроуынынадмæ ацæуынæн тох дарддæр кæнынц   аст конкурсанты: Ото Немсадзе, Гиорги Накашидзе, Нини  Цнобиладзе, Икако  Алексидзе, Тамар Лачъхъепиани, Дима Къобешавидзе, Лиза Къаландадзе æмæ Гиорги Пруидзе.

25 январы, 12:00  сахатæй  «Сакартвелос Варсквлавийы»  конкурсанттæн  хъæлæскæнынад  райдыдта.

Схъæлæс кæнын  «Фейсбукы»  фæрцы,  æнæфидгæйæ  12  сахаты мидæг иу хатт  уыдзæн  уæ бон.

«ХЪæлæс кæныны æгъдау  ахæм у:

«Компьютерæй, смартфонæй  кæнæ  планшетæй хъуамæ бахизат  «Фейсбукмæ»  бацагурат «Сакартвелос Варсквлавийы»  официалон   верифициргонд веб-фарс, хъуамæ бакæнат «Месенджер»  æмæ   конкурсантты  ранымады банысан кæнат  уæ  фаворит конкурсанты  ном æмæ мыггаг, уый фæстæ та ныххæцат  «схъæлæс кæныны» æмæ   уæ  хъæлæс   нымадмæ ист æрцæудзæн.

Уæ фаворитæн лæвæрд номырыл уæ бон у  адзурат кæнæ  смс арвитат «ДЖеосел»  æмæ «Магтийы»  абоненттæ  æнарæн  бæрцæй.  ДЗырды аргъ у  50 тетри.

Хъæлæсты банымады  рæстæджы  бахыгъд вæййынц  фæйнæ  конкурсанты дзырдтæ, цыбыр текстон хъусинæгтæ æмæ «Фейсбукæй»  ист  хъæлæстæ.  Фæйнæ хъæлæсæн ис  иу  тых.

Лайв-шоутæ, Тбилисы  концертон залы  26  январæй  æрцæудзысты лæвæрд.