«Сакартвелос Варсквлави»-йæ æрдæгфиналы рацух ис Нини Цнобиладзе
«Сакартвелос Варсквлави»-йæ æрдæгфиналы рацух ис Нини Цнобиладзе

«Сакартвелос Варсквлавийæ» æрдæгфиналы  рацух ис  Нини Цнобиладзе. Аутсайдерты æхсæн уыдысты  Нини Цнобиладзе æмæ  Гиорги Пруидзе. Уыдонæй   къаддæр хъæлæстæ райста  Нини Цнобиладзе  æмæ проект   ныууагъдта.  Зноны  лидер  хъæлæсты нымæцмæ гæсгæ  ссис  Лиза Къаландадзе.

Евроуынынадмæ ацæуынæн  тох адарддæр кæндзысты   цыппар конкурсанты: Ото Немсадзе, Гиорги Накашидзе, Лиза  Къаландадзе æмæ Гиорги Пруидзе.

Схъæлæс кæнын  «Фейсбукы»  фæрцы,  æнæфидгæйæ  12  сахаты мидæг иу хатт  у  уæ бон.

«ХЪæлæс кæныны æгъдау  ахæм у:

«Компьютерæй, смартфонæй  кæнæ  планшетæй хъуамæ бахизат  «Фейсбукмæ»  бацагурат «Сакартвелос Варсквлавийы»  официалон   верифициргонд веб-фарс, хъуамæ бакæнат «Месенджер»  æмæ   конкурсантты  ранымады банысан кæнат  уæ  фаворит конкурсанты  ном æмæ мыггаг, уый фæстæ та ныххæцат  «схъæлæс кæныны» æмæ   уæ  хъæлæс   нымадмæ ист æрцæудзæн.

Уæ фаворитæн лæвæрд номырыл уæ бон у  адзурат кæнæ  смс арвитат «Джеосел»  æмæ «Магтийы»  абоненттæ  æнарæн  бæрцæй.  ДЗырды аргъ у  50 тетри.

Хъæлæсты банымады  рæстæджы  бахыгъд вæййынц  фæйнæ  конкурсанты дзырдтæ, цыбыр текстон хъусинæгтæ æмæ «Фейсбукæй»  ист  хъæлæстæ.  Фæйнæ хъæлæсæн ис  иу  тых.

Лайв-шоутæ, Тбилисы  концертон залы  26  январæй  æрцæудзысты лæвæрд.

 

საქართველოს ვარსკვლავი