Сакъадахы Лесбосы цур,  мигранттæй едзаг нау  фæдæлдон ис,  фæхъуыд  авд адæймаг
Сакъадахы Лесбосы цур, мигранттæй едзаг нау фæдæлдон ис, фæхъуыд авд адæймаг

Грецийы  сакъадах  Лесбосы  цур, эмигранттæй едзаг  нау  фæдæлдон ис.

«ВВС»-ы  информацийæ фæхъуыд авд  адæймаг, Грецийы донбылхъахъъхæды  куыст  æмæ  евроцæдисы патрулгæнæг    науы  экипаж, 57  адæймагы  фервæзын кодтой.  Фæмардуæвджыты æхсæн  ис дыууæ сывæллон.

Нау Эгейы денджызы  абон сæумæрайсом  фæдæлдон ис.

Бынæттон медийы   хъусинагæй,  нау,  дæсгай  африкаг  мигранты фæцæйласта Европæмæ.

Лесбосы  сакъадахы цур,  агурæн-ирвæзынгæнæн   операци ацы  афонмæ   дарддæр кæны.